Psalms 43
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. 2О Хуыцау, мах нӕ фыдӕлтӕйфехъуыстам нӕхи хъустӕй,
раджы заманы, сӕ рӕстӕджы,
Ды цы хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, уыдоны кой.
3Ды Дӕхи къухӕй иннӕ адӕмты фӕсырдтай,
уыдоны та ӕрцӕрын кодтай сӕ зӕххыл;
басастай ӕмӕ фӕтардтай адӕмты.
4Сӕ карды фӕрцы нӕ самал кодтой ацы зӕхх,
сӕ хъару сын не’рхаста уӕлахиз,
фӕлӕ Дӕ къух ӕмӕ Дӕ хъомыс,
Дӕ цӕсгомы рухс —
Ды сыл аудыдтай.
5О Хуыцау, Ды — мӕ паддзах!
Фервӕзын кӕн Йаковы фӕдонты!
6Дӕ фӕрцы мах не знӕгты
нӕ сыкъатыл сисдзыстӕм.
Дӕ хорзӕх нӕ куы уа,
уӕд нӕ ныхмӕлӕуджыты бассӕнддзыстӕм.
7Мӕ зӕрдӕ ме’рдыныл нӕ дарын,
мӕ кард дӕр мӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕн.
8Ды-иу нӕ фервӕзын кодтай не знӕгтӕй,
йе сӕфт нӕ чи уыны,
уыдоны-иу ӕгады бынатмӕ’ртардтай.
9Ӕрвылбон мах кадджын кӕнӕм Хуыцауы,
мыггагмӕ Дын кад кӕндзыстӕм Дӕ номӕн.
10Уӕдӕ нӕ цӕмӕн фӕхудинаг кодтай,
цӕмӕн нӕ ныууагътай?
Не’фсадимӕ цӕуылнӕуал цӕуыс?
11Не знӕгты разӕй нӕ лидзӕг куы фӕкодтай,
хӕлӕттаг куы фестӕм нӕ фыдгултӕн.
12Фыстау нӕ радтай ӕргӕвдынмӕ,
адӕмты’хсӕн нӕ ныххӕлиу кодтай.
13Ницӕуыл ауӕй кодтай дӕ адӕмы,
ницы пайда дзы райстай.
14Нӕ сыхӕгтӕн нӕ фидиссаг фӕкодтай,
нӕ алыварс чи ис, уыдон ныл худынц,
хынджылӕг нӕ кӕнынц.
15Адӕмтӕ нӕ’мбисондӕн ӕрхӕссынц,
махмӕ кӕсгӕйӕ, банкъусынц сӕ сӕртӕ.
16Кӕй сӕгад дӕн, уый алы бон уынын,
мӕ худинагӕй судзы мӕ цӕсгом,
17мӕ алыварс — фидистӕ ӕмӕ’фхӕрӕн ныхӕстӕ,
фыдгулы мастисӕн цӕстӕнгас.
18Ӕппӕт уыдӕттӕ баййӕфтой нӕ сӕртӕ,
фӕлӕ Дӕ уӕддӕр нӕ ферох кодтам,
нӕ фехӕлдтам Дӕ фидыд.
19Нӕ зӕрдӕ Дыл нӕ сивтам
ӕмӕ Дӕ фӕндагӕй нӕ адзӕгъӕл стӕм.
20Ды нӕ мӕрдты бирӕгъты хӕтӕнты
ныффалгӕрон кодтай,
саудалынгӕй нӕ бамбӕрзтай.
21Мах нӕ Хуыцауы куы ферох кодтаиккам,
кӕйдӕр хуыцаумӕ нӕ къухтӕ куы сивӕзтаиккам,
22уӕд Хуыцау, ау, уый нӕ федтаид?
Зӕрдӕйы сусӕгтӕ дӕр зындгонд куы сты Уымӕн!
23Дӕу тыххӕй нӕ алы бон марынц,
нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл.
24О Дунедарӕг, ракӕс!
Куыд фынӕй кӕныс?!
Ма нӕ ныууадз бынтон!
25Дӕхи ныл цӕмӕн атигъ кодтай?
Куыд Дӕ ферох сты
нӕ удхар ӕмӕ нӕ фыдбылызтӕ?
26Нӕ удтӕ рыджы сӕвдылдысты,
нӕ буӕрттӕ зӕххимӕ сиу сты.
27Раст ӕмӕ нын феххуыс кӕн!
Фервӕзын нӕ кӕн Дӕ хорзӕхы фӕрцы!
Copyright information for
OssIBT2022