Psalms 44
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Мелоди «Хъоппӕджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. Уарзондзинады зарӕг. 2Мӕ зӕрдӕйӕ рацыдысты фарны дзырдтӕ.Мӕ зарӕг — Паддзахыл.
Ме’взаг — дӕсны фыссӕджы сис.
3Ды дӕ ӕппӕт адӕмӕй хуыздӕр,
Дӕ дзыхӕй фарн кӕлы, —
Хуыцау Дын арфӕ ракодта ӕнусмӕ.
4Дӕ кард Дӕ фарсыл ӕрбабӕтт, Хъомысджын,
Дӕ уӕлӕ’ркӕн Дӕ кад ӕмӕ Дӕ хъомыс,
5Дӕ уӕрдоны ӕрбад —
ӕцӕгад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады сӕраппонд.
Дӕ хъомысджын къух
стыр хъуыддӕгтӕ саразӕд.
6Дӕ фӕттӕ — цыргъ,
ӕрсӕтдзысты Дӕ разы адӕмтӕ.
Паддзахы знӕгтӕн асасти сӕ ныфс.
7Хуыцау, Дӕ паддзахы бадӕн у ӕнусон,
Дӕ Паддзахады лӕдзӕг —
рӕстдзинады лӕдзӕг.
8Ды бауарзтай рӕстдзинад,
фыддзинад Дын ӕнӕуынон у.
Уымӕ гӕсгӕ Дӕу Хуыцау, Дӕ Хуыцау,
демӕ чи ис, уыдонӕй уӕлдай
циндӕттӕг сойӕ байсӕрста.
9Дӕ дарӕс ӕнӕхъӕнӕй
миррӕ, алой ӕмӕ кассийы хӕрздӕф кӕны,
пылыстӕгӕй арӕзт галуаны
Дӕу хъӕлдзӕг кӕнынц дыууадӕстӕноны зӕлтӕ.
10Дӕ кадджын фӕсдзӕуинты’хсӕн —
паддзахы чызджытӕ,
ус-паддзах офираг сыгъзӕрины фӕлыстӕй
ӕрлӕууыди Дӕ фарсмӕ.
11Байхъус, чызг, кӕс ӕмӕ хъус лӕмбынӕг,
ферох кӕн дӕ адӕмы, дӕ фыды хӕдзар.
12Паддзах бабӕлдзӕни дӕ рӕсугъддзинадмӕ;
Уый у дӕ Бардарӕг, ӕмӕ Йын бакув.
13Тиры чызг ӕд лӕвӕрттӕ,
стӕй адӕмӕн сӕ хъӕздыгдӕртӕ
агурдзысты Дӕ хорзӕх.
14Паддзахы чызгӕн йӕ намыс — йӕ уды фидауц,
йӕ дарӕс — сыгъзӕринӕй нывӕфтыд.
15Паддзахмӕ йӕ фӕкӕнынц нывӕфтыд дарӕсы,
йӕ фӕдыл фӕцӕуынц йӕ чызгӕмбӕлттӕ.
16Хъӕлдзӕгӕй, цины хъӕртимӕ сӕ фӕхонынц,
Паддзахы галуанмӕ фӕхизынц.
17Дӕ байзӕддӕгтӕ раивдзысты сӕ фыдӕлты,
ӕгас зӕххыл сӕ сӕвӕрдзынӕ хицӕуттӕй.
18Дӕ ном сын рох кӕнын нӕ бауадздзынӕн
фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ,
адӕмтӕ Дӕ стаудзысты
мыггагӕй мыггагмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022