Psalms 45
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зарӕг. Мелоди «Ӕвзонг чызджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ. 2Хуыцау — нӕ ныфсы мӕсыг, нӕ хъару,тагъд ӕххуысгӕнӕг — алы фыдбылызы.
3Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕтӕрсдзыстӕм,
зӕхх куы сӕнкъуыса
ӕмӕ хӕхтӕ фурды арфмӕ куы ныккӕлой,
4дӕтты уылӕнтӕ куы сабухой,
хӕрдмӕ куы фӕцӕуой,
ӕмӕ хӕхтӕ сӕ уынӕрӕй
куы нынкъуысой, уӕд дӕр.
5Мӕнӕ ис уыцы цӕугӕдон,
йӕ къабузтӕй Хуыцауы сахар кӕмӕн райы —
Бӕрзӕндтыл Бадӕджы уаз цӕрӕн.
6Хуыцау уым ис, ӕмӕ сахар нӕ фӕцуддзӕн:
Хуыцау ын баххуыс кӕндзӕни сӕумӕйӕ.
7Скатай сты адӕмтӕ,
базмӕлыдысты паддзахӕдтӕ:
Хуыцауы хъӕлӕс райхъуысти,
ӕмӕ зӕхх атади.
8Уӕларвӕфсады Бардарӕг немӕ ис,
Йаковы Хуыцау — нӕ сӕрылхӕцӕг.
9Ӕрцӕут ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фенут
Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ,
зӕхх гӕныстон куыд фестын кодта, уый:
10зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ баурӕдта хӕстытӕ,
ныссаста ӕрдынтӕ,
ӕрцытӕ ныцъцъӕл кодта,
тохуӕрдӕттыл арт бафтыдта.
11Ӕрсабыр ут ӕмӕ зонут:
Ӕз дӕн Хуыцау,
скадджын уыдзынӕн ӕппӕт адӕмты’хсӕн,
ӕгас зӕххы цъарыл.
12Дунедарӕг Хуыцау немӕ ис,
Йаковы Хуыцау — нӕ сӕрылхӕцӕг.
Copyright information for
OssIBT2022