Psalms 46
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты псалом. 2Ӕрӕмдзӕгъд кӕнут, ӕппӕт адӕмтӕ,цины хъӕртӕй сыстаут Хуыцауы!
3Тасӕфтауӕг у Бӕрзӕндтыл Бадӕг Хуыцау —
ӕгас зӕххы Стыр Паддзах!
4Уый нӕ разы басаста адӕмты,
нӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста знӕмты.
5Йӕхӕдӕг нын равзӕрста фыдӕй-фыртмӕйы исбон —
Йӕ уарзон Йаков хъал кӕмӕй у, уыцы бынтӕ.
6Цины уынӕримӕ Хуыцау ссыди уӕлӕмӕ,
ссыди Хуыцау сыкъауадындзы зӕлтимӕ.
7Кады зарӕг зарут Хуыцауӕн, зарут!
Кады зарӕг сисут нӕ Паддзахӕн, сисут!
8Хуыцау у ӕгас зӕххы Паддзах,
аив зарӕг Ын зарут!
9Хуыцау у адӕмты паддзах,
Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!
10Адӕмты фӕтӕгтӕ ӕрбамбырд уыдзысты
Авраамы Хуыцаумӕ,
уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ Хуыцауы сты;
бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад.
Copyright information for
OssIBT2022