Psalms 47
1Зарӕг. Корахы фыртты псалом. 2Дунедарӕг стыр у, ӕмӕ Йӕ стауынцнӕ Хуыцауы сахары.
Уым — Йӕ уаз хох,
3зӕххы цъары цин, хӕхты фидыц Сион.
Йӕ цӕгатварс — Паддзахы стыр сахар.
4Йӕ цӕрӕнты — Хуыцау, сӕ армдарӕг.
5Паддзӕхтӕ ӕрӕмбырд сты,
сӕ ных ӕм сарӕзтой,
6фӕлӕ йӕм куы бакастысты,
уӕд дисы бафтыдысты;
хорзау нал фесты
ӕмӕ фӕстӕмӕ ныццавтой.
7Ризӕг сыл бахӕцыди,
скатай сты арӕг сылгоймагау,
8раст цыма скӕсӕйнаг дымгӕ
таршишаг наутӕ ныппырх кодта, уыйау.
9Хъусӕй цы фехъуыстам,
уый ныр нӕхи цӕстӕй уынӕм —
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы,
нӕ Хуыцауы сахары —
ӕнустӕм ӕй ӕрфидар кодта Хуыцау.
10Дӕ Кувӕндоны, о Хуыцау,
нӕ хъуыдытӕ Дӕ хорзӕхыл уыдысты.
11Хуыцау, Дӕ ном ӕмӕ Дӕ кад
зӕххы иу кӕронӕй
иннӕ кӕронмӕ’ххӕссынц.
Дӕ тӕрхон кӕддӕриддӕр у раст.
12Райӕд Сионы хох,
цин кӕнӕнт Иудейы чызджытӕ —
Дӕ раст тӕрхоныл.
13Сионы алыварс ӕрлӕуут,
ӕрзилут ыл, йӕ мӕсгуытӕ йын банымайут.
14Уӕ зӕрдыл ын бадарут йӕ систӕ,
йӕ фидӕрттӕ йын бахъуыды кӕнут,
цӕмӕй фӕстагӕттӕн сӕ кой ракӕнат.
15Ацы Хуыцау мыггагмӕ у нӕ Хуыцау,
ӕнустӕм — нӕ фӕтӕг.
Copyright information for
OssIBT2022