Psalms 49
1Асафы псалом.Хуыцӕутты Хуыцау, Дунедарӕг,райдыдта Йӕ ныхас,
дун-дунемӕ сиды скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ.
2Ӕмбисонды рӕсугъд Сионӕй
Йӕхи раргом кодта Хуыцау.
3Ӕрцӕуы нӕ Хуыцау,
фӕлӕ нӕ уыдзӕни ӕдзӕм!
Йӕ разӕй арт пихуылӕйттӕ калы,
Йӕ алфамбылай — тыхджын уад.
4Уый сиды арвмӕ ӕмӕ зӕхмӕ —
Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ:
5«Ӕрӕмбырд мӕм кӕнут Мӕ сыгъдӕджыты,
нывонды уӕлхъус Мемӕ
фидыд чи сарӕзта, уыдоны!»
6Уӕлӕрвтӕ расидтысты Йӕ рӕстад —
Хуыцау Йӕхӕдӕг у тӕрхонгӕнӕг.
7«Байхъусут, Мӕ адӕм,
Ӕз уын Мӕ ныхас фехъусын кӕнон!
Израил, Ӕз дӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕудзынӕн —
Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ Хуыцау.
8Дӕ нывӕндты тыххӕй дын нӕ уайдзӕф кӕнын;
дӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕдзухдӕр сты Мӕ разы.
9Нӕ бакомдзынӕн нӕдӕр род дӕ хӕдзарӕй,
нӕдӕр сӕгътӕ дӕ фосдарӕнтӕй —
10хъӕды алы сырд дӕр Мӕн у,
мингай хӕхтыл фос иууылдӕр Мӕн сты.
11Ӕз хӕхтыл алы маргъы дӕр зонын,
быдырты цардудӕй цыдӕриддӕр ис,
уыдон иууылдӕр Мӕн сты.
12Куы сыстонг уаин,
уӕд ӕй дӕуӕн нӕ зӕгъин:
дун-дуне дӕр ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис,
уыдон иууылдӕр Мӕн сты.
13Ӕз, мыййаг, галы фыд хӕрын
кӕнӕ сӕгъы туг нуазын?
14Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн,
Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай,
уый сӕххӕст кӕн.
15Дӕ зыны сахат Мӕ ӕрцагур:
Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн,
ӕмӕ Мӕ ды скадджын кӕндзынӕ».
16Тӕригъӕдджынӕн та Хуыцауы дзуапп уыдзӕн:
«Мӕ уагӕвӕрдты кой цы кӕныс
ӕмӕ Мӕ фидыдыл цы дзурыс,
17Ме’Гъдауыл дӕ къух куы ауыгътай,
Мӕ ныхӕстӕ Мын куы ницӕмӕ дарыс, уӕд?
18Давӕджы куы феныс,
уӕд йемӕ’мдзӕхдон свӕййыс,
хӕтаг адӕмӕн — се’мбал.
19Дӕ дзыхӕй цӕуы фыдгой,
де’взаг мӕнгард ныхас нывӕнды.
20Иудадзыг де’фсымӕрыл дамтӕ мысыс,
хахуыр кӕныс дӕ мадызӕнӕгыл.
21Ды уыдӕттӕ кодтай,
ӕмӕ дӕм Ӕз ницы дзырдтон;
ды афтӕ банхъӕлдтай,
цыма Ӕз дӕр дӕ хуызӕн дӕн.
Нӕ! Ӕз дӕ базылын кӕндзынӕн,
дӕ азымтӕ дын дӕ разы ӕрӕвӕрдзынӕн!»
22Хуыцауы чи ферох кодта, уыдон!
Бамбарут уый, науӕд уӕ Ӕз скуынӕг кӕндзынӕн,
ӕмӕ уӕ ничи фервӕзын кӕндзӕн.
23Бузныджы нывонд Мын чи хӕссы,
уый Мӕ нымайы;
раст фӕндагыл чи лӕууы,
уымӕн Ӕз раргом кӕндзынӕн,
Хуыцау ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, уый.
Copyright information for
OssIBT2022