Psalms 5
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: удӕфонты цагъдимӕ. Давиды псалом. 2О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ ныхӕстӕ,бамбар мын мӕ уынӕргъын!
3О мӕ Паддзах, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ кувын,
мӕ хъӕр Дӕм фехъуысӕд!
4О Дунедарӕг!
Ды мын ӕрвылрайсом хъусыс мӕ хъӕлӕс,
ӕрвылрайсом Дӕ разы ӕз
ныфсӕнхъӕлӕй ӕрлӕууын.
5Фыддзинад Чи нӕ уарзы, Ды уыцы Хуыцау дӕ,
ӕмӕ Дӕ цуры фыдгӕнӕгӕн бынат нӕй.
6Къӕйных нӕ фӕлӕудзӕн Дӕ разы,
ӕнаккӕгтӕ ӕнӕуынон сты Дӕуӕн.
7Фӕлитойты бабын кӕндзынӕ Ды,
марӕг ӕмӕ мӕнгардыл Дунедарӕг ӕлгъ кӕны.
8Ӕз та Де стыр хорзӕхы фӕрцы
бацӕудзынӕн Дӕ Хӕдзармӕ,
Дӕ Кувӕндоны, аргъуыцгӕнгӕ, бакувдзынӕн.
9О Дунедарӕг,
Дӕ рӕстады фӕндагыл мӕ араз!
Ме знӕгты фыдӕнӕн мын
слӕгъз кӕн мӕ размӕ Дӕ фӕндаг!
10Сӕ иу ныхасыл дӕр ӕууӕнк нӕй,
сӕ зӕрдӕ у фыдбылызмӕ арӕзт,
сӕ дзых — гом ингӕн,
се’взаг — мӕнгард.
11Дӕхӕдӕг сын стӕрхон кӕн, Хуыцау,
сӕхи сӕрыл куыд ӕрцӕуой сӕ хинтӕ!
Сӕ фыдракӕндтӕ бирӕ сты,
Дӕ ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ сӕ фӕсур!
12Ӕмӕ уӕд ныццин кӕндзысты,
Ды йӕ хъахъхъӕнӕг кӕмӕн дӕ,
уыдон се’ппӕт дӕр,
фыр цинӕй зардзысты ӕнустӕм,
сӕ сӕрхъуызой Ды кӕй дӕ, ууыл.
Дӕ ном чи уарзы, уыдонӕн
сӕ цины сӕр Ды дӕ.
13Дунедарӕг, Ды арфӕ ракӕндзынӕ рӕстудӕн,
Дӕ хорзӕх ӕй хъахъхъӕндзӕни уартау.
Copyright information for
OssIBT2022