‏ Psalms 50

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. 2Давид ӕмӕ Вирсавийы ӕрӕмуаты фӕстӕ Давидмӕ пехуымпар Натан куы бацыди, уӕд.

3Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау,
Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ,
ссыгъдӕг мӕ кӕн тӕригъӕдтӕй
Де стыр уарзты хатырӕй.
4Ӕрӕхс мын мӕ азым,
ссыгъдӕг мӕ кӕн мӕ тӕригъӕдӕй!
5Сӕттын мӕ рӕдыдыл,
мӕ тӕригъӕд ӕдзух — мӕ разы.
6Дӕ ныхмӕ, ӕрмӕст Дӕ ныхмӕ ракодтон тӕригъӕд,
фыдракӕнд сарӕзтон Дӕ разы:
раст у Дӕ уынаффӕ,
ӕнӕхӕрам у Дӕ тӕрхон.
7Тӕригъӕдджынӕй райгуырдтӕн,
тӕригъӕдджынӕй сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны.
8Ӕнувыд зӕрдӕ ӕхцон у Дӕуӕн,
Дӕ уӕлзондӕй мын срухс кодтай мӕ миддуне.

9Иссопӕй мӕ бапырх кӕн,
ӕмӕ ссыгъдӕг уыдзынӕн,
цӕхс мӕ, ӕмӕ митӕй урсдӕр суыдзынӕн.
10Цин ӕмӕ мын хъӕлдзӕгдзинад ратт,
ӕмӕ уӕд райдзысты ме стджытӕ —
Ды кӕй ныссастай, уыдон.
11Мӕ тӕригъӕдтӕй аздах Дӕ цӕсгом,
ссыгъдӕг мӕ кӕн ме’ппӕт азымтӕй.
12О Хуыцау, ссыгъдӕг мын кӕн мӕ зӕрдӕ,
раст уд мын сног кӕн мӕ мидӕг.
13Ма мӕ фӕсур Дӕхицӕй,
Дӕ Сыгъдӕг Удӕй мӕ ӕнӕхай ма фӕкӕн.
14Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин,
Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.
15Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ,
ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
16Туджы азымӕй мӕ бахиз, Хуыцау,
мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,
ӕмӕ ме’взаг стаудзӕни Дӕ рӕстад.
17О Дунедарӕг, байгом мын кӕн мӕ дзых,
ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн!
18Уымӕн ӕмӕ Ды нывонд нӕ агурыс мӕнӕй,
иууылсудзинӕгтӕ Дын ӕхцон не сты.
19Саст зӕрдӕ — ӕцӕг нывонд Хуыцауӕн;
ныфссаст ӕмӕ сӕрныллӕг зӕрдӕйыл
Ды Дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ, Хуыцау.
20Дӕ хорзӕхтӕй схайджын кӕн Сионы,
Йерусалимы систӕ самай!
21Уӕд Дын ӕхцон уыдзысты рӕстады нывӕндтӕ,
хуынтӕ ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ;
уӕд уӕнгуытӕ ӕрӕвӕрдзысты
Дӕ нывондхӕссӕныл.
Copyright information for OssIBT2022