‏ Psalms 51

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды зондамонӕн псалом. 2Едомаг Доег Саулмӕ кӕй бацыди ӕмӕ Давиды, Ахимелехы хӕдзары йӕ федтон, зӕгъгӕ, кӕй банымыгъта, уый фӕдыл.

3Цы’ппӕлыс дӕ фыдракӕндӕй, тыхджын?
Хуыцауы хорзӕх иудадзыг мемӕ ис.
4Де’взаг нывӕнды сӕрысӕфты фӕндтӕ,
цыргъ сӕрдасӕнау дын мӕнгард у.
5Фыддзинад дын хорз ракӕнынӕй — ӕхцондӕр,
мӕнгдзинад та — раст ныхӕстӕ дзурынӕй.
6Уарзыс ды, сӕфтмӕ чи кӕны, ахӕм ныхӕстӕ,
мӕнгард ӕвзаг дын у ӕхцон.
7Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ,
фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй,
ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.
8Уый фенгӕйӕ, тас бацӕудзӕни рӕстудты,
фӕхуддзысты дыл ӕмӕ зӕгъдзысты:
9«Ацы адӕймагӕн йӕ ныфс Хуыцау нӕ уыди,
йӕ зӕрдӕ дардта йӕ бирӕ мулкыл,
йӕ фыдракӕндты фӕрцы схъӕздыг ис».
10Ӕз та — Хуыцауы хӕдзары цъӕх чи дары,
уыцы оливӕ бӕласау,
Хуыцауы хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн мыггагмӕ.
11О Хуыцау, стаудзынӕн Дӕ ӕнусмӕ
Дӕ хъуыддӕгты тыххӕй.
Мӕ зӕрдӕ дардзынӕн Дӕ номыл —
иузӕрдион Дыл чи у,
уыдонӕн уый фарн хӕссы.
Copyright information for OssIBT2022