Psalms 53
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды зондамонӕн псалом, 2зифӕгтӕ Саулмӕ куы ссыдысты ӕмӕ Давиды, йӕхи нӕ бӕстӕйы ӕмбӕхсы, зӕгъгӕ, куы банымыгътой, уӕд. 3О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн Дӕ номы руаджы,Дӕ хъаруйы фӕрцы мын равзар мӕ хъаст.
4О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд,
Дӕ хъус ӕрдар мӕ дзыхы ныхасмӕ.
5Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ,
ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ,
Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.
6Фӕлӕ мӕнӕн Хуыцау ӕххуыс кӕны,
Дунедарӕг мӕ удылхӕцӕг у,
7мӕ фыдгулты бафхӕрдзӕн
сӕ фыдракӕндты аххосӕй.
Дӕ иузӕрдиондзинад равдис: фесаф сӕ!
8Дунедарӕг, ӕз Дын нывонд ӕрхӕсдзынӕн зӕрдиагӕй,
Дӕ фарнхӕссӕг ном Дын стаудзынӕн.
9Уымӕн ӕмӕ мӕ Ды бахызтай алы фыдбылызӕй,
ӕмӕ ныр уӕлахизӕй кӕсын мӕ фыдгултӕм.
Copyright information for
OssIBT2022