Psalms 55
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Дард ран бадӕг ӕдзӕм бӕлон»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды кадӕг. Филистимӕгтӕ йӕ Гаты сахары куы’рцахстой, уӕд. 2О Хуыцау, батӕригъӕд мын кӕн!Адӕм мӕ фӕдыл зилынц,
лӕбурынц мӕм, ссӕндынц мӕ ӕрвылбон.
3Ме знӕгтӕ ӕнӕхъӕн бон мӕ фӕдыл зилынц,
бирӕ сты мӕ ныхмӕ тохгӕнджытӕ.
4Тасы куы бацӕуын,
уӕд мӕ зӕрдӕ Дӕуыл фӕдарын.
5Кӕй дзырдӕй ӕппӕлын,
уыцы Хуыцау мӕ ныфс у, ӕмӕ нӕ тӕрсын:
цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?
6Ӕрвылбон мын уыдон фауынц
мӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ,
цы фыд мын ракӕной,
ууыл сты сӕ хъуыдытӕ.
7Фыдвӕндтӕ кӕнынц, бабадынц мӕ размӕ,
мӕ алы къахдзӕф дӕр мын хъахъхъӕнынц,
цӕмӕй мӕ уд бахауа сӕ ахӕсты.
8Ау, сӕ азым ӕнӕ’фхӕрдӕй баззайдзӕн?
О Хуыцау, Дӕ азары хай бакӕн адӕмты!
9Дӕумӕ фыст сты ме’ппӕт тухӕнтӕ,
мӕ цӕссыгтӕ мын Дӕ мигӕнӕны нывӕр,
уадз ӕмӕ Дӕ чиныджы уой.
10Куыддӕр Дӕм скувын,
афтӕ ме знӕгтӕ лидзӕг фӕвӕййынц —
уымӕй базонын, Хуыцау ме’вварс кӕй у, уый.
11Кӕй ныхас стауын, уыцы Хуыцауыл,
Кӕй дзырд стауын, уыцы Дунедарӕгыл
12мӕ зӕрдӕ дарын ӕмӕ нӕ тӕрсын:
цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?
13О Хуыцау, ӕз Дӕ разы
сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ сомытӕ,
ӕрхӕсдзынӕн Дын арфӕйы нывӕндтӕ!
14Уымӕн ӕмӕ мын Ды
мӕ уд бахызтай мӕлӕтӕй,
мӕ къӕхтӕ — фӕкӕлынӕй,
цӕмӕй Хуыцауы раз царды рухсы цӕуон.
Copyright information for
OssIBT2022