Psalms 58
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды куывд, Саул ын йӕ хӕдзармӕ марджытӕ куы барвыста, уӕд. 2О мӕ Хуыцау! Мӕ фыдгултӕй мӕ бахиз!Мӕ ныхмӕ чи сыстад,
уыдонӕй мӕ бахъахъхъӕн!
3Бахиз мӕ фыдгӕнджытӕй,
тугцъиртӕй мӕ фервӕзын кӕн!
4Амарынвӕнд мӕ скодтой,
бабадтысты мӕ размӕ.
О Дунедарӕг, нӕдӕр фыдракӕнд сарӕзтон,
нӕдӕр — тӕригъӕд,
афтӕмӕй мыл ӕртыхстысты тыхгӕнджытӕ!
5Аххосджын нӕ дӕн,
афтӕмӕй хӕстифтонгӕй ӕмбырдтӕ кӕнынц.
Фӕзын мӕм ӕххуысмӕ,
ӕркӕс мӕ уавӕрмӕ!
6О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
Израилы Хуыцау!
Ӕппӕт адӕмты бафхӕрынмӕ раст!
Гадзрахатӕй Дыл чи рацыд —
иунӕгыл дӕр ма бацауӕрд!
7Ӕрвылизӕр фӕзынынц,
сахары алыварс зилынц куыйтау.
8Сӕ дзыхӕй фауӕн ныхас рацӕуы,
кардӕй уӕлдай не сты се’взӕгтӕ.
«Чи нӕ фехъусдзӕн?» —
хъуыды кӕнынц уыдон.
9Фӕлӕ сыл Ды фӕхуддзынӕ, Дунедарӕг,
ӕппӕт адӕмты сӕгад кӕндзынӕ.
10Ды — мӕ хъару,
ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл;
Ды — мӕ ныфсы мӕсыг.
11Хуыцау мыл ауды,
Уый цӕудзӕни мӕ разӕй;
Хуыцауы фӕрцы
ме знӕгтӕм уӕлахизӕй кӕсдзынӕн.
12Маргӕ сӕ ма акӕн,
уадз, мӕ адӕмӕй мацы ферох уа.
Ныффӕйлау сӕ Дӕ хъаруйӕ,
сӕ зонгуытыл сӕ’рлӕууын кӕн.
О Дунедарӕг, Ды — нӕ уарт!
13Сӕ тӕригъӕд — сӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕ,
куыд схъал сты, афтӕ сӕхи хызы бахауӕнт;
сӕ былалгъыл — мӕнг ард ӕмӕ мӕнгдзинад.
14Дӕ азары хай сӕ бакӕн!
Фесаф сӕ, сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа!
Уадз, зӕххы цъарыл алчидӕр базона,
Йаковы фӕдонтӕн
Хуыцау сӕ хицау кӕй у, уый.
15Уыдон ӕрвылизӕр ӕрбаздӕхынц,
сахары алыварс зилынц куыйтау.
16Къӕбӕр агурӕг зилынц
ӕмӕ, сыдӕй мӕлгӕйӕ, ниуынц.
17Ӕз та зардзынӕн Дӕ тыхыл,
сӕумӕйӕ расиддзынӕн Дӕ хорзӕх,
уымӕн ӕмӕ фыдбылызы заман
Ды уыдтӕ мӕ хъахъхъӕнӕг, мӕ мӕсыг.
18Ды — мӕ хъару,
зарӕджы Дӕ стаудзынӕн.
Хуыцау — мӕ мӕсыг,
Хуыцау ауды мӕныл!
Copyright information for
OssIBT2022