Psalms 59
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Шушан едут»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды зарӕг — ахуыр кӕнынӕн. Фыст ӕрцыдис, 2Арам-Нахараим ӕмӕ Арам-Цовайы бӕстӕтӕ куы басаста, Йоав та, фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ, Цӕхджын дӕлвӕзы едомӕгтӕй дыууадӕс мины куы ныццагъта, уӕд. 3О Хуыцау! Хъоды ныл бакодтай,ныццагътай нӕ, смӕсты нӕм дӕ,
фӕлӕ та нӕ Дӕ хорзӕхы аккаг скӕн.
4Ды ризӕг бахӕцын кодтай зӕххыл,
ныскъуыдтӕ йӕ кодтай;
сдзӕбӕх ын кӕн йӕ хъӕдгӕмттӕ —
фезмӕлыдис йӕ бынатӕй.
5Дӕ адӕмӕн бавзарын кодтай фыдбылызтӕ,
сӕрзилӕн сӕн нын бадардтай.
6Сис Дӕ тырыса,
Чи Дӕ тӕрсы, уыдоны сӕрмӕ,
цӕмӕй йӕ иумӕ фатты ныхмӕ айтындзой,
7цӕмӕй Дӕ уарзон адӕм фервӕзой.
Дӕ рахиз къухӕй нӕ фервӕзын кӕн,
нӕ куывд нын фехъус.
8Дунедарӕг Йӕ Кувӕндоны загъта:
«Ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн,
байуардзынӕн Шехемы зӕхх,
Суккоты дӕлвӕз ныддихтӕ кӕндзынӕн.
9Мӕн у Галаад,
Менассиа дӕр — Мӕн;
Ефрем у Ме згъӕрхуд,
Иудӕ — Мӕ паддзахлӕдзӕг,
10Моав — Мӕ хихсӕн тас.
Мӕ дзабыр аппардзынӕн Едомыл,
филистимӕгты зӕххыл
айзӕлдзӕни Мӕ цины хъӕр!»
11Бырухгӕд сахармӕ мӕ чи бакӕндзӕн?
Чи мӕ акӕндзӕн Едомы онг?
12Уый Ды нӕ уыдзынӕ, нӕ Хуыцау?
Де’ргом нӕ куы аздӕхтай,
не’фсадимӕ хӕстмӕ куынӕуал цӕуыс!
13Тыхст заманы нын баххуыс кӕн, —
адӕймагыл зӕрдӕ дарӕн нӕй.
14Хуыцауимӕ уӕлахиз кӕндзыстӕм,
Уый нын басӕтдзӕнис не знӕгты.
Copyright information for
OssIBT2022