Psalms 6
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом. 2Курын Дӕ, о Дунедарӕг,Дӕ маст куы судза,
уӕд мыл Дӕ азар ма ныххуырс!
Фыр мӕстӕй цӕхӕртӕ куы калай,
уӕд-иу мӕ ма бафхӕр карзӕй!
3Батӕригъӕд кӕн, Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ ӕнӕбон дӕн.
Сдзӕбӕх мӕ кӕн, Дунедарӕг, —
ме стджыты онг баризы мӕ буар,
4мӕ уд хъизӕмар кӕны.
О Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзӕни афтӕ?
5Раздах мӕм Де’ргом, Дунедарӕг,
бахиз мӕ мӕлӕтӕй!
Дӕ хорзӕх мӕ кӕй ис,
уый фӕрцы мӕ фервӕзын кӕн!
6Чи амӕла, уый Дӕ нал ӕрымысдзӕн.
Мӕрдтыбӕсты Дӕ чи сыстаудзӕн?
7Бафӕлладтӕн мӕ хъӕрзынӕй,
ӕрвылӕхсӕв мӕ сынтӕджы калын мӕ цӕссыг,
цӕстысыгӕй мӕ хуыссӕнуат ныхсын.
8Мӕ цӕстыты рухс ахуыссыди мастӕй,
ме знӕгты фыдӕй рӕстмӕ уынгӕ дӕр нал кӕнын.
9Фесӕфут мӕ разӕй, фыдгӕнджытӕ, —
Дунедарӕг мын фехъуыста мӕ дзыназын!
10Дунедарӕг мын фехъуыста мӕ курдиат,
Дунедарӕг мын айсдзӕни мӕ куывд!
11Ме знӕгтӕ фӕхудинаг уыдзысты,
састы бынаты баззайдзысты,
лидзӕг фӕуыдзысты ӕгадӕй.
Copyright information for
OssIBT2022