Psalms 61
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕг Йедутунӕн. Йедутуны мелодимӕ гӕсгӕ. Давиды псалом. 2Ӕрмӕстдӕр мын Хуыцау ратты ӕнцой,Уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн.
3Ӕрмӕстдӕр Уый у мӕ айнӕг къӕдзӕх,
мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ фидар гӕнах —
ӕз никуы фӕкӕлдзынӕн.
4Кӕд ныууадздзыстут уӕ фыдракӕндтӕ?
Уӕ зӕрды ис адӕймаджы амарын!
Сымах стут кӕлӕддзаг къулы,
саст гӕрӕны’нгӕс.
5Уӕ зӕрды ис адӕймаджы
бӕрзондӕй зӕхмӕ фехсын,
фӕливын уын ӕхсызгон у.
Дзыхы ныхасӕй арфӕтӕ кӕнынц,
зӕрдӕйӕ та — ӕлгъитгӕ.
6Ӕрмӕст Хуыцаумӕ ссар ӕнцой, мӕ уд!
Мӕ зӕрдӕдарӕн Уый у!
7Иунӕг Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх,
мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ хъахъхъӕнӕг сис —
ӕз никуы фӕкӕлдзынӕн.
8Хуыцау — мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ кад,
мӕ фидар къӕдзӕх, ме’мбӕхсӕн.
9О адӕм! Уӕ зӕрдӕ Йыл кӕддӕридӕр дарут,
ӕргом Ын кӕнут уӕ
зӕрдӕйы сусӕгтӕ;
нӕ ныфсы мӕсыг — Хуыцау.
10Адӕймаг ницы у,
лӕджы фырттӕ сты мӕнг;
барӕнтыл сӕ куы ӕрӕвӕрай,
уӕд иууылдӕр иумӕ — уӕлдӕфӕй рогдӕр.
11Давӕггӕгтӕй ма ут ныфсджын,
ӕфтиӕгты фӕрцы ма фервӕссут уӕхиуыл,
куы схъӕздыг уат, уӕд уӕ зӕрдӕ
мулчы фӕдыл ма сӕрра уӕд.
12Дунедарӕг ӕй иу хатт загъта,
хъусгӕ та йӕ дыууӕ хатты фӕкодтон:
хъару Дунедарӕгмӕ ис.
13О Дунедарӕг, Дӕумӕ ис хорзӕх.
Ды алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидыс.
Copyright information for
OssIBT2022