‏ Psalms 63

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.

2О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд,
знаджы тасӕй мӕ бахиз;
3мӕнгард лӕгты фыдвӕндтӕй,
фыдгӕнджыты фыдракӕндтӕй мӕ бахъахъхъӕн.
4Се’взӕгтӕ карды комау сцыргъ кодтой,
суагътой сӕ фаттӕ — маргӕйдзаг ныхӕстӕ,
5цӕмӕй сусӕгӕй ӕнаххосы фехсой.
Ӕваст ӕй фехсдзысты — нӕ тӕрсынц.
6Фыдвӕндтӕ аразынц, тӕрхӕттӕ кӕнынц,
сӕ ахсӕн хыз хуыздӕр кӕм сӕвӕрой, ууыл.
Дзурынц: «Цӕй, чи нӕ фендзӕн?»
7Фыдвӕндтӕ аразынц, фӕзӕгъынц:
«Хорз фӕнд ӕрымысыдыстӕм!
Нӕ зӕрды цы ис, уый ничи зоны!»
8Хуыцау сӕ фехсдзӕни Йӕ фатӕй,
ӕвиппайды фӕмард уыдзысты.
9Се’взаг сӕ фесафдзӕн,
чи сӕ уына, уыдон сӕ дӕрдты лидздзысты.
10Ӕмӕ тас бацӕудзӕн адӕмы,
дзурдзысты Хуыцауы хъуыддагыл,
бамбардзысты — Уый Хуыцау сарӕзта.
11Рӕстгӕнӕг та Дунедарӕгыл цин кӕндзӕн
ӕмӕ Йыл йӕ зӕрдӕ дардзӕн.
Рӕстзӕрдӕтӕ Йӕ се’ппӕт дӕр стаудзысты.
Copyright information for OssIBT2022