‏ Psalms 66

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Псалом. Зарӕг.

2О Хуыцау, батӕригъӕд нын кӕн
ӕмӕ нын арфӕ ракӕн.
Дӕ рухс цӕстӕй нӕм ракӕс,
3цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн
раргом уа Дӕ фӕндаг,
Дӕ ирвӕзындзинад.
4О Дунедарӕг, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт,
кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!
5Дзыллӕтӕ цин кӕнӕнт ӕмӕ райӕнт:
Ды адӕмтӕн кӕныс ӕнӕхӕрам тӕрхон,
раст фӕндаг амоныс дзыллӕтӕн.
6О Хуыцау, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт,
кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!

7Зӕхх тыллӕг радта;
Хуыцау нын арфӕ ракӕнӕд, нӕ Хуыцау.
8Нӕ Хуыцау нын раарфӕ кӕнӕд.
Йӕ разы адӕм ӕмризӕджы ризӕнт
ӕгас зӕххы кӕрӕтты.
Copyright information for OssIBT2022