Psalms 67
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг. 2Растӕд Хуыцау,Йӕ фыдгулты ныххӕлиу кӕнӕд,
Йе сӕфт Дзы чи уыны,
уыдон лидзӕг фӕуӕнт Йӕ цурӕй.
3Фӕздӕг уӕлдӕфы куыд ӕрбайсӕфы,
мыдадз арты куыд атайы,
афтӕ ӕнӕхуыцӕуттӕ
бабын уӕнт Хуыцауы раз!
4Рӕстгӕнджытӕ та цин кӕнӕнт,
райӕнт Хуыцауы раз.
5Хуыцауы кадӕн зарут!
Стаут ын Йӕ ном!
Ӕврӕгътыл Чи рацӕуы,
Уымӕн скад кӕнут!
Йӕ ном — Дунедарӕг!
Цинӕй райут Йӕ разы!
6Сидзӕртӕн — сӕ фыд,
сидзӕргӕстӕн сӕ сӕрылхӕцӕг —
Хуыцау Йӕ уаз цӕрӕны.
7Иунӕджытӕн Хуыцау бинонтӕ ратты,
ахӕстыты суӕгъд кӕны сӕ рӕхыстӕй,
змӕнтджытӕ та баззайынц
хурсыгъд ӕдзӕрӕг быдыры.
8О Хуыцау! Ды Дӕ адӕмы разӕй куы цыдтӕ,
Ды куы цыдтӕ ӕдзӕрӕг быдырыл,
9уӕд зӕхх ӕнкъуысти;
Хуыцауы, Израилы Хуыцауы раз,
къӕвда уарыди арвӕй.
10О Хуыцау, Дӕ исбоныл-иу
парахатӕй къӕвда ӕруагътай,
ӕмӕ-иу фӕлмӕцыд адӕм сулӕфыдысты.
11Уыцы зӕххыл ӕрцардысты Дӕ адӕм,
ӕмӕ дзы Ды, Хуыцау,
мӕгуырты барӕвдыдтай
Дӕ бирӕ хӕрзтӕй.
12Дунедарӕг загъта Йӕ ныхас,
ӕмӕ Йын ӕй сылгоймӕгты ӕнӕнымӕц ӕфсад
хъусын кӕндзӕни дунейыл.
13Паддзӕхтӕ ӕмӕ се’фсӕдтӕ лидзӕг фесты,
хӕдзаргӕс сылгоймӕгтӕ та
хъӕздыг ӕфтиаг уарынц.
14Кӕд уӕ хӕдзӕртты арты фарсмӕ бадут,
уӕддӕр тӕмӕн калдзыстут,
йӕ базыртӕ ӕвзистау кӕмӕн ӕрттивынц,
йӕ пакъуы та сыгъдӕг сыгъзӕринау кӕмӕн у,
уыцы бӕлӕтты хуызӕн.
15Ӕппӕтхъомыс а зӕххы паддзӕхты
куы ныххӕлиу кодта,
уӕд Цалмоны хохыл цыма мит ныууарыд.
16О Хуыцауы хох, Башаны хох!
О бӕрзонд хох, Башаны хох!
17Бӕрзонд хӕхтӕ, хӕлӕггӕнгӕ цы ныккастыстут,
Хуыцау Йӕхицӕн цӕрӕнуатӕн кӕй равзӕрста,
Дунедарӕг мыггагмӕ кӕм цӕрдзӕн,
уыцы хохмӕ?
18Дӕсгай мин тохуӕрдӕттӕй
рацӕуы Хуыцауы ӕфсад,
Йӕхӕдӕг дӕр се’хсӕн, афтӕмӕй.
Дунедарӕг ӕрӕнцади Синайы хохыл —
Йӕ Кувӕндоны.
19Ды ссыдтӕ бӕрзӕндмӕ,
уацайрӕгты райстай,
ныронг хиваст чи уыд,
уыдонӕн айстай сӕ хуынтӕ
ӕмӕ уым ӕрбынат кодтай,
о Дунедарӕг Хуыцау!
20Бонӕй-бонмӕ арфӕгонд уӕд Дунедарӕг!
Уый фӕрцы фӕразӕм мах нӕ уаргъ хӕссын.
21Нӕ Хуыцау ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау у.
Дунедарӕг Хуыцау мах
суанг мӕлӕты хъӕлӕсӕй дӕр фелвасдзӕн.
22Хуыцау ныппырх кӕндзӕн
Йӕ фыдгулты сӕртӕ,
фыдракӕндтӕ кӕныныл чи фӕцалх ис,
уыдоны ӕнӕлвыд тенкатӕ.
23Дунедарӕг загъта:
«Ӕз сӕ ӕрбаздахдзынӕн Башаны хохӕй,
денджызы арфӕй сӕ фелвасдзынӕн,
24ӕмӕ дӕ фыдгулты туджы
аныгъуылдзысты дӕ къӕхтӕ,
дӕ куыдз та сын ӕй сдӕрдзӕни».
25О Хуыцау, Дӕ рацыд Дын фендзысты адӕм,
Кувӕндонмӕ куыд цӕуы
мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах!
26Разӕй цӕудзысты зарӕггӕнджытӕ,
фӕстейы — хъисын фӕндыртӕй цӕгъдджытӕ,
астӕуӕй та — чызджытӕ сӕ далатимӕ.
27Уӕ бӕрӕгбӕтты заман-иу
куы ӕрӕмбырд уат,
уӕд иумӕ кад кӕнут Хуыцауӕн!
Сыстаут Дунедарӕджы,
Израилы байзӕддӕгтӕ!
28Уӕ разамонджытӕ
фыццаг рӕнхъы уыдзысты
Бениамины чысыл байзӕддагӕй,
уыдоны фӕстӕ — Иудӕйы байзӕддагӕй,
уыдоны фӕстӕ — Зевулоны байзӕддагӕй,
уыдоны фӕстӕ та — Неффалимы байзӕддагӕй.
29Израилы адӕм, фидар лӕуут,
уӕ Хуыцау уын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ!
О Хуыцау, мах сӕраппонд цы сарӕзтай,
уый нын уагӕвӕрды хуызы сфидар кӕн!
30Паддзӕхтӕ Дын Йерусалиммӕ,
Дӕ Кувӕндонмӕ,
ӕрбахӕсдзысты хъалон.
31Ды-иу ӕрмахуыр скӕн,
хъӕзы мидӕг цы сырд цӕры, уый,
адӕмты уӕнгуыты’хсӕн
богъты рӕгъау ӕрсабыр кӕн.
Уадз, ӕрзоныг кӕной Дӕ разы
ӕмӕ Дын се’взист ӕрбахӕссой;
ныххӕлиу кӕн хӕстӕргом адӕмы!
32Мысырӕй ӕрхуы мигӕнӕнтӕ сласдзысты;
эфиопӕгтӕ сӕ къухтӕ сиваздзысты Хуыцаумӕ.
33А зӕххы паддзахӕдтӕ!
Хуыцауы кадӕн зарут!
Фӕндыртӕй цӕгъдут,
34тъымы-тъымайӕ нырмӕ
Йӕ цыд уӕлӕрвты Кӕмӕн у, Уымӕн!
Хуыцауӕн райхъуысы Йӕ хъӕлӕс,
Йӕ хъомысджын хъӕлӕс.
35Сыстаут Хуыцауы!
Израилы сӕрмӕ — Йе стырад,
ӕврӕгътӕй нӕм разыны Йӕ хъомыс.
36О Хуыцау, Ды тасы ӕфтауыс
Дӕ Кувӕндоны!
О, Израилы Хуыцау!
Уый Йӕ адӕмӕн дӕтты
хъомыс ӕмӕ ӕхсар.
Арфӕгонд у Хуыцау!
Copyright information for
OssIBT2022