‏ Psalms 7

1Давиды шигаййон (ӕнкъард зарӕг) Дунедарӕгӕн, Куш ӕй, Бениамины мыггагӕй иу, азымы куы бадардта, уӕд.

2О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
Дӕумӕ агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн,
ӕмӕ мӕ бахиз,
мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ фервӕзын кӕн!
3Науӕд мӕ акъабӕзтӕ кӕндзысты домбайау,
ӕмӕ мын ӕххуысгӕнӕг нӕ уыдзӕни.
4О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
кӕд, цы не’мбӕлы, ахӕмӕй исты ракодтон,
фыдракӕндӕй мӕ къухтӕ фӕчъизи кодтон,
5кӕд, мемӕ хӕларӕй чи царди,
уымӕн йӕ хорз ӕвзӕрӕй бафыстон, —
ӕз, ӕнӕ исты’фсонӕй-иу ме знаг чи сси,
уый дӕр-иу чи фервӕзын кодта, —
6уӕд фыдгул мӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд,
раййафӕд мӕ, сыджыты бын мӕ фӕкӕнӕд,
мӕ кад мын рыджы сӕвдулӕд!
7О Дунедарӕг, Дӕ масты цӕхӕртӕ скал!
Ме знӕт фыдгулты ныхмӕ ралӕуу!
Ӕркӕс мӕм ӕмӕ рахӕц мӕ сӕрыл,
цы тӕрхон рахастай, уый сӕххӕст кӕн!
8Дӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты адӕмтӕ,
Ды сӕ сӕрмӕ бӕрзонд Дӕ паддзахы бадӕны ӕрбад!
9Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны.
О Дунедарӕг, равзар мын мӕ хъаст,
мӕ рӕстадмӕ, ӕнӕкъӕм кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ!
10Фыдгӕнджыты хӕрам бамынӕг уӕд!
Рӕстудӕн та фӕфидар кӕн йӕ зӕрдӕ, рӕстаг Хуыцау, —
Ды фӕндтӕ ӕмӕ зӕрдӕтӕ фӕлварыс.
11Мӕ уарт — Хуыцау,
рӕстзӕрдӕты Ирвӕзынгӕнӕг!

12Хуыцау у раст тӕрхонгӕнӕг,
ӕрвылбон карзӕй дзуапп Чи домы, Уый.
13Йӕ тӕригъӕдтыл чи не’рфӕсмон кӕны,
уыдоны бафхӕрынӕн рацӕгъды Йӕ кард,
Йе’рдынбос айвазы ӕмӕ сӕм ныхъхъавы.
14Райсы мӕлӕтхӕссӕг гӕрзтӕ,
ӕрцӕттӕ кӕны судзгӕ фӕттӕ.

15Фыддзинад саразынмӕ чи хъавы,
гуырдзау фыдвӕнд йӕ зӕрдӕйы чи хӕссы,
уымӕй райгуыры мӕнгдзинад.
16Искӕмӕн дзыхъхъ чи къахы,
уый дзы йӕхӕдӕг ныххауы.
17Йӕ фыдракӕнд йӕхи ныхмӕ рауайы,
йӕхи сӕрыл ӕрцӕуы.
18Стауын ӕз Дунедарӕджы рӕстад,
зарын ӕз Иууылбӕрзонд Хуыцауы номы кадӕн!
Copyright information for OssIBT2022