Psalms 70
1Дунедарӕг, Ды — мӕ хъахъхъӕнӕг,ӕмӕ ӕз никуы фегад уыдзынӕн.
2Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ мӕ бахиз,
фервӕзын мӕ кӕн,
фехъус мӕ, ӕххуысмӕ мӕм фӕзын!
3Айнӕг къӕдзӕх мын басгуых —
мӕ сӕр-иу кӕм бафснайон.
Фервӕзын мӕ кӕн:
Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар.
4О мӕ Хуыцау, бахиз мӕ ӕнӕхуыцауӕй,
фыдгӕнӕг ӕмӕ сурӕджы къухӕй.
5Бардарӕг — Ды мӕ иунӕг ныфс,
О Дунедарӕг, ме’взонджы бонтӕй
Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ.
6Мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ
Ды дӕ мӕ иунӕг ныфс,
Дӕ фӕрцы рантыстӕн дунемӕ;
кад Дын кӕнын кӕддӕриддӕр.
7Бирӕтӕ мӕ диссагӕн хӕссынц,
фӕлӕ мӕ зӕрдӕ Дӕуыл лӕууы.
8Мӕ былалгъыл — Дӕуӕй ӕппӕлӕн ныхӕстӕ,
ӕрвылбон Дын Де стырад стауын.
9Мӕ зӕры бонты мыл ма атигъ кӕн Дӕхи,
ма мӕ ныууадз, мӕ хъару куы байсыса, уӕд.
10Ме знӕгтӕ фыдвӕндтӕ аразынц мӕ ныхмӕ,
мӕ мӕлӕтмӕ у сӕ каст ӕмӕ дзурынц:
11«Хуыцау ӕй ныууагъта.
Йӕ фӕстӕ зилут, хӕцут ыл!
Ӕххуысгӕнӕг ын нӕй!»
12О Хуыцау, ма мӕ ныууадз!
О Дунедарӕг, ӕххуысмӕ мӕм фӕзын!
13Худинаджы бын фӕуӕнт ӕмӕ фесӕфӕнт,
ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон!
Фӕхудинаг уӕнт, аллайаг фӕуӕнт
ме сӕфтмӕ бӕлджытӕ!
14Ӕз кӕддӕриддӕр
мӕ зӕрдӕ дардзынӕн Дӕуыл,
кад Дын кӕндзынӕн ног ӕмӕ ногӕй.
15Ӕрвылбон стаудзынӕн Дӕ рӕстад,
Дӕ ирвӕзындзинад,
уымӕн ӕмӕ Дӕ хорзӕхтӕ
никуы фӕуыдзынӕн нымад.
16Дунедарӕджы хъомысы кой кӕндзынӕн,
Ды, иунӕг Ды кӕй дӕ раст,
уый тыххӕй дзурдзынӕн.
17О Дунедарӕг,
ме’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ мӕ Ды
раст фӕндагыл аразыс,
ӕмӕ абон онг Дӕ диссӕгты кой кӕнын.
18О Хуыцау, ма мӕ ныууадз мӕ зӕры бонты,
мӕ сӕр куы сурс уа, уӕд дӕр,
цӕмӕй адӕмӕн Дӕ хъомысы,
фидӕны фӕлтӕрӕн Дӕ хъаруйы кой ракӕнон.
19О Дунедарӕг,
Дӕ рӕстад — арвӕй уӕлдӕр,
кӕуылты сты Дӕ хъуыддӕгтӕ!
О Дунедарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис?
20Цас мыл ӕруагътай судзгӕ бӕллӕхтӕ,
ӕмӕ мӕ ногӕй царды ныфс бауадз,
арф дӕлдзӕхӕй мӕ ракӕн фӕстӕмӕ.
21Ногӕй мӕ сбӕрзонд кӕн
ӕмӕ та мын фӕлӕууын кӕн мӕ зӕрдӕ.
22О мӕ Хуыцау!
Хъисфӕндыры зӕлтӕй Дын скад кӕндзынӕн,
Дӕ иузӕрдиондзинад Дын стаудзынӕн!
Дыууадӕстӕноныл Дын кады зарӕг сисдзынӕн,
о Израилы Уаз Хуыцау!
23Дӕ кады зарӕг ме’взагӕй куы рацӕуы,
уӕд мӕ уд дӕр фыр цинӕй райы,
уымӕн ӕмӕ йӕ Ды фервӕзын кодтай!
24Ӕрвылбон ме’взаг стауы Дӕ рӕстад,
худинаджы бын фесты ме сӕфтмӕ бӕлджытӕ!
Copyright information for
OssIBT2022