Psalms 71
1Соломоныл.О Хуыцау! Саккаг кӕн паддзахӕнДӕ рӕстдзинад,
паддзахы фыртӕн — Дӕ раст тӕрхон!
2Уадз ӕмӕ раст тӕрхон кӕна Дӕ адӕмӕн,
уадз ӕмӕ раст ӕвзара мӕгуырты хъаст.
3Уадз ӕмӕ хӕхтӕй адӕммӕ амонд ӕрцӕуа,
уадз ӕмӕ къуыбыртӕ адӕмӕн
рӕстады дыргътӕ’рхӕссой.
4Уадз ӕмӕ мӕгуыртӕн сӕ хъаст ӕвзара,
фервӕзын кӕна мӕгуыр лӕджы цоты,
басӕтта тыхгӕнӕджы, —
5уӕд мыггагмӕ кад кӕндзысты Дӕуӕн,
цалынмӕ’рттивой хур ӕмӕ мӕй.
6Къӕвдайау, тыгъдызӕйау ӕрцӕуӕд зӕхмӕ;
7йӕ заманы рӕстуд фӕрнӕйдзагӕй цӕрӕд!
Цалынмӕ мӕй рухс кӕны,
уӕдмӕ зӕхх амондӕй йедзаг уӕд.
8Паддзахиуӕг кӕнӕд
иу денджызӕй иннӕмӕ,
Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм.
9Ӕдзӕрӕг быдыры сырдтӕ
ӕрзоныг уӕнт йӕ разы,
йе знӕгтӕ рыг сдӕрӕнт.
10Фидӕнт ын хъалон Таршиш ӕмӕ
сакъадӕхты паддзӕхтӕ;
Сава ӕмӕ Севайы паддзӕхтӕ йын
лӕвӕрттӕ хӕссӕнт.
11Бакувӕнт ын ӕппӕт паддзӕхтӕ,
лӕггад ын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ.
12Уый фервӕзын кӕндзӕни мӕгуыры,
фӕхӕцӕг кӕуыл нӕй ӕмӕ чи дзыназы,
уыцы’фхӕрд адӕмы.
13Фӕтӕригъӕд кӕндзӕн мӕгуырӕн,
мӕгуыр адӕмы фервӕзын кӕндзӕни,
14мӕнгарддзинад ӕмӕ тыхмийӕ сӕ бахиздзӕн,
зын ын уыдзӕни се сӕфтмӕ кӕсын.
15Бирӕ цӕрӕд!
Савайӕ йын ласдзысты сыгъзӕрин,
ӕдзух ын кувдзысты,
ӕрвылбон ын арфӕ кӕндзысты.
16Ӕмӕ зӕххыл сбирӕ уыдзӕни хор,
Ливаны хӕхтау дыргъӕй нал зындзӕн,
сахарты адӕм кӕрдӕгӕй фылдӕр суыдзысты.
17Йӕ ном цӕрдзӕни ӕнусмӕ.
Цалынмӕ хур рухс кӕна,
уӕдмӕ нӕ ферох уыдзӕн йӕ ном.
Уый уыдзӕнис арфӕгонд,
ӕппӕт адӕмтӕ йӕ амондджын хондзысты.
18Арфӕгонд у Дунедарӕг Хуыцау,
Израилы Хуыцау!
Ӕрмӕстдӕр Уый аразы диссӕгтӕ.
19Йӕ кадджын ном арфӕгонд у ӕнусмӕ,
ӕппӕт зӕхх байдзаг уӕд Йӕ кадӕй.
Аммен, аммен!
20Уыйадыл фесты Йессейы фырт Давиды куывдтытӕ.
Copyright information for
OssIBT2022