‏ Psalms 73

1Асафы зондамонӕн псалом.

О Хуыцау, ӕнусмӕ ныл цӕмӕн бахъоды кодтай?
Цӕмӕн рафыхт Дӕ маст Дӕ сӕрвӕты дзугмӕ?
2Ӕрымыс, незаманты кӕй равзӕрстай,
кӕй балхӕдтай, ӕнустӕм Дӕ исбон кӕй скодтай,
уыцы адӕмы, стӕй Сион —
кӕм ӕрбынат кодтай, уыцы хох!
3Ӕнусон хӕлддзӕгтӕм ӕркӕс:
ныддӕрӕн кодтой знӕгтӕ Кувӕндон.
4Дӕ Кувӕндоны Де знӕгтӕ рыхынц,
сӕ тырыса дзы сауыгътой.
5Бӕласы къалиутӕм фӕрӕт куыд сисынц, уыйау
6дзӕккортӕй ӕмӕ фӕрӕттӕй нывӕфтыдтӕ ныссастой.
7Дӕ Кувӕндон Дын басыгътой,
Дӕ номы цӕрӕн фӕчъизи кодтой.
8Дзырдтой сӕхинымӕр:
«Бынтондӕр сӕ ныццӕгъдӕм!»
Хуыцаумӕ-иу кӕм куывтам —
ӕгас бӕстӕйы уыцы бынӕттӕ басыгътой.
9Ӕвдисӕйнӕгтӕ нал уынӕм,
пехуымпар нал ис,
кӕд уыдзӕн адӕттӕн кӕрон,
уый махӕй иунӕг дӕр нӕ зоны.
10Хуыцау! Кӕдмӕ хынджылӕг кӕндзӕн знаг?
Ӕнусмӕ фаудзӕни ныхмӕлӕууӕг Дӕ ном?
11Цӕмӕн айстай Дӕ къух, Дӕ рахиз къух?
Сис Дӕ къух ӕмӕ сӕ бабын кӕн!
12О Хуыцау, ӕнусты райдианӕй
Ды мӕ Паддзах дӕ!
Ды зӕхмӕ ирвӕзындзинад ӕрхастай!
13Дӕ хъаруйы фӕрцы денджызы уылӕнтӕ
фӕцыдысты фӕйнӕрдӕм,
ныссастай доны кӕлмытӕн сӕ сӕртӕ,
14Левиафанӕн ныппырх кодтай йӕ сӕр,
хъӕддаг сырдтӕн ӕй радтай холыйӕн.
15Ды айгӕрстай фӕндаг
донгуырӕнтӕн ӕмӕ суадӕттӕн,
Дӕ хъомысӕй стыр цӕугӕдӕттӕ байсыстысты.
16Дӕ бар цӕуы бон ӕмӕ ӕхсӕвыл;
хур ӕмӕ мӕй Ды сфӕлдыстай.
17Ды скодтай арӕнтӕ зӕххӕн,
сӕрд ӕмӕ зымӕг Ды сфӕлдыстай.
18Ӕркӕс-ма: знаг Дунедарӕджы фауы,
ӕдылытӕ цъыф калынц Дӕ номыл.
19Дӕ бӕлоны уд знӕгты къухмӕ ма ратт,
Дӕ зӕрдӕсаст адӕмы
рохуаты ма ныууадз бынтон.
20Ӕрымыс Дӕ фидыд!
Зӕххыл алы тар къуым дӕр байдзаг ис тыхмийӕ.
21Ӕфхӕрд лӕг ма аздӕхӕд ӕгадӕй,
мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк Дын сыстауӕнт Дӕ ном.
22Сыст, Хуыцау, раст тӕрхон рахӕсс!
Ӕркӕс-ма: ӕдылытӕ Дын ӕрвылбон
Дӕ ном фауынц.
23Ма ферох кӕн,
ам Де знӕгтӕн сӕ хъӕр кӕй хъуысы
ӕмӕ ӕдзух кӕй змӕнтынц Дӕ ныхмӕ.
Copyright information for OssIBT2022