Psalms 74
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом. Зарӕг. 2Кад Дын кӕнӕм, стауӕм Дӕ, Хуыцау!Ӕдзухдӕр нӕ былалгъыл ис Дӕ ном,
адӕмӕн хъусын кӕнӕм Дӕ диссӕгтӕ.
3«Афон куы ралӕууа,
уӕд Ӕз раст тӕрхон кӕндзынӕн, —
зӕгъы Хуыцау, —
4зӕхх куы нынкъуыса,
йӕ цӕрджытӕ ӕмризӕджы куы ризой,
уӕд Ӕз фидар хӕцдзынӕн йӕ бындуртыл».
5Сӕрыстыртӕн фӕдзӕхсын:
«Уӕ хъал митӕ ныууадзут!»
Ӕнаккӕгтӕн зӕгъын: «Ӕнӕрвӕссон ма ут!
6Ӕгӕр бӕрзӕндты ма хӕссут уӕ сӕртӕ,
схъӕл ныхасӕй хизут уӕхи!»
7Мацы тӕрхонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут
нӕдӕр скӕсӕнӕй, нӕдӕр ныгуылӕнӕй,
нӕдӕр ӕдзӕрӕг быдырӕй, нӕдӕр хӕхтӕй.
8Тӕрхонгӕнӕг у Хуыцау:
иуы ӕрныллӕг кӕны,
иннӕйы та бӕрзонд сисы.
9Дунедарӕджы къухы ис
ӕхсидгӕ сӕны кӕхц,
маст хъацӕнтӕй — йедзаг,
ӕмӕ Уый ӕгас зӕххы ӕнӕхуыцӕуттӕн
уыцы сӕнӕй бануазын кӕндзӕн йӕ бынтӕм.
10Ӕз та мыггагмӕ кад кӕндзынӕн
ӕмӕ стаудзынӕн Йаковы Хуыцауы.
11Хуыцау зӕгъы:
«Ӕнӕхуыцӕуттӕн се’ппӕтӕн дӕр
сӕ сыкъатӕ ныссӕтдзынӕн,
рӕстгӕнджытӕн сӕ кад уыдзӕни бӕрзонд!»
Copyright information for
OssIBT2022