‏ Psalms 76

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Йедутуны зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.

2Хуыцаумӕ сидын, Хуыцаумӕ дзыназын,
ӕмӕ мӕ фехъусдзӕни Уый.
3Бӕллӕхы бон Бардарӕджы агурын,
ӕхсӕв-бонмӕ Йӕм мӕ къухтӕ дарын;
ӕнцой нӕ ары мӕ уд.
4Хуыцауы мысгӕйӕ, ныхъхъӕрзын;
хъуыдыты аныгъуылын, бастади мӕ уд.
5Нӕ мӕ уадзыс ӕрцъынд кӕнын дӕр,
адӕргӕй мӕ дзыхы ныхас дӕр нал бады.
6Раздӕры бонтыл, ивгъуыд азтыл сагъӕс кӕнын.
7Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, куыд-иу зарыдтӕн,
ӕхсӕвыгон мӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын,
уӕдӕ цы ракодтон, зӕгъгӕ.
8Ау, Дунедарӕг мыл мыггагмӕ атигъ кодта Йӕхи,
Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ никуыуал скӕндзӕн?
9Ау, байсысти Йӕ хорзӕх,
никуыуал фехъуысдзӕни Йӕ ныхас?
10Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис,
ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?

11Ӕз загътон: «Мӕ бӕллӕх уый у,
ӕмӕ Бӕрзӕндтыл Бадӕджы къух
раздӕры хуызӕн нал у».
12Ӕрымысдзынӕн Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ,
Дӕ кӕддӕры диссӕгтӕ ӕрлӕудзысты мӕ зӕрдыл.
13Цытӕ сарӕзтай, уыдӕттӕ ӕрымысдзынӕн,
Дӕ диссӕгтыл хъуыды кӕндзынӕн.
14О Дунедарӕг, уаз сты Дӕ фӕндӕгтӕ!
Кӕцы хуыцау у нӕ Хуыцауӕй стырдӕр?
15Ды — диссӕгтӕ ӕвдисӕг Хуыцау,
адӕмтӕн фенын кодтай Дӕ хъомыс.
16Дӕ тыхджын къухӕй
фервӕзын кодтай Дӕ адӕмы,
Йаков ӕмӕ Йосефы фӕдонты.
17Хуыцау, дӕттӕ Дӕ федтой
ӕмӕ сӕ тас бацыди Дӕ уындӕй,
ныззыр-зыр кодтой хуыдымтӕ.
18Мигътӕй фемӕхсти дон,
ӕврӕгътӕй арвы нӕрын хъуысы,
алырдыгӕй тӕхынц Дӕ фӕттӕ.
19Гыбар-гыбур фестадысты уӕлӕрвтӕ,
арвӕрттывдтӕй ныррухс ис дуне,
ӕнкъуысы ӕмӕ ризы зӕхх.
20Дӕ фӕндаг — денджызыл,
Ды афӕд кӕныс арф дӕтты риуыл,
ничи Дын зоны Дӕ фӕндаг.
21Дӕ адӕмы Ды бабар кодтай
Моисей ӕмӕ Ааронӕн,
фысты дзугау сӕ размӕ кодтай.
Copyright information for OssIBT2022