‏ Psalms 78

1Асафы псалом.

О Хуыцау!
Муртаттӕгтӕ ӕрбабырстой Дӕ зӕхмӕ,
Дӕ уаз Кувӕндон фӕчъизи кодтой,
Йерусалимы дур дурыл нал ныууагътой.
2Мӕргътӕн холыйӕн радтой
Дӕ цагъарты мӕрдтӕ,
хъӕддаг сырдтӕн —
Дӕ сыгъдӕджыты буӕрттӕ.
3Йерусалимы алыварс
сӕ туг донау фӕкалди,
ныгӕнӕг дӕр сӕ нал уыд.
4Нӕ сыхӕгтӕн фидиссаг фестӕм,
сӕхи ныл худӕгӕй хӕссынц,
фидистӕ нын кӕнынц.
5О Дунедарӕг,
ӕнусмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ?
Артау кӕдмӕ судздзӕн Дӕ маст?
6Дӕ азары хай бакӕн,
Дӕу чи нӕ зоны, уыцы адӕмты,
Дӕ ном чи нӕ ары,
уыцы паддзахӕдтӕ.
7Уымӕн ӕмӕ уыдон
аныхъуырдтой Йаковы,
сафтид ын кодтой йӕ зӕххытӕ.
8Нӕ фыдӕлты тӕригъӕдтӕ
махӕн фидинаг ма фӕкӕн,
Дӕ хорзӕх ныл ӕвӕстиатӕй ӕруадз,
науӕд байсысти нӕ хъару.
9О Хуыцау, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг,
баххуыс нын кӕн Дӕ номы кадӕн,
фервӕзын нӕ кӕн,
ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ
Дӕ номы сӕраппонд!
10Иннӕ адӕмтӕ цӕмӕн хъуамӕ дзурой,
уӕдӕ кӕм ис сӕ Хуыцау, зӕгъгӕ?
Дӕ цагъарты туг кӕй райстай,
уый, уадз, адӕмтыл айхъуыса
ӕмӕ мах уый нӕхи цӕстӕй фенӕм!

11Ахӕстыты дзыназын Дӕм фехъуысӕд!
Мӕлӕт кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы,
уыдоны Дӕ хъомысджын къухӕй бахиз!
12О Дунедарӕг,
нӕ сыхӕгтӕ Дын цы фидистӕ фӕкодтой,
уыдон сӕм авд ахӕмӕй раздах!
13Мах та — Дӕ адӕм, Дӕ фысты дзуг —
кад Дын кӕндзыстӕм ӕнустӕм,
стаудзыстӕм Дӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ!
Copyright information for OssIBT2022