‏ Psalms 80

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.

2Цингӕнгӕ зарут Хуыцауӕн —
Уый нӕ тых у!
Цины хъӕр сисут
Йаковы Хуыцауы кадӕн!
3Ныззарут Ын,
рӕсугъд Ын ӕрцӕгъдут далатӕй,
ӕхцонзӕл дыууадӕстӕнонтӕй
ӕмӕ хъисфӕндыртӕй!
4Сыкъауадындзӕй-иу ныууасут мӕйноджы ӕмӕ
цӕлхыдзаг мӕйы бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы!
5Уый Израилӕн у ӕгъдау,
Йаковы Хуыцауы амынд.
6Йосефы байзӕддагӕн ӕй бафӕдзӕхста,
Мысыры зӕххӕй куы рацыдысты, уӕд.
Уым фыццаг хатт, кӕй нӕ зыдтой,
уыцы хъӕлӕс фехъуыстой:
7«Де уӕхсчытӕй дын де’ргъом ӕристон,
дӕ чыргъӕдтӕ дын айстон дӕ къухтӕй.
8Уынгӕджы сахат Мӕм сдзынӕзтай,
ӕмӕ дӕ Ӕз фервӕзын кодтон,
сау ӕврагъы хуылфӕй дын дзуапп радтон,
Меривайы доны цур дӕ бафӕлвӕрдтон.
9Мӕ адӕм, ӕрбайхъусут-ма ногӕй Мӕ фӕдзӕхстмӕ!
О Израил, куы Мӕм байхъусис!
10Ӕцӕгӕлон хуыцауыл дӕхи макуы бафӕдзӕхс,
ӕндӕрбӕстаг хуыцаумӕ макуы скув!
11Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау,
Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, уый.
Байгом кӕн дӕ дзых, ӕмӕ дӕ бафсадон.
12Фӕлӕ Мӕм Мӕ адӕм нӕ байхъуыстой.
Израил Мӕ коммӕ нӕ касти.
13Сӕ хиваст зӕрдӕйы бар сӕ ныууагътон,
ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр фӕндыд,
уыдӕттӕ кодтой.
14Тӕхуды, куы Мӕм байхъуыстаиккой Мӕ адӕм!
Израил Мӕ фӕндагыл куы цыдаид!
15Ӕз ын уайсахат йӕ фыдгулты басастаин,
йе’фхӕрджытыл ын Мӕ азар ныххуырстаин.
16Ӕмӕ, Дунедарӕгӕй йе сӕфт чи уыдта,
уыдон зӕрдӕлхӕнӕнтӕ кодтаиккой Йӕ разы,
мыггагмӕйы ӕфхӕрд райстаиккой.
17Сымахӕн та хойрагӕн
ӕвзаргӕ мӕнӕу лӕвӕрдтаид,
къӕдзӕхӕй цы мыд тӕдзы,
уымӕй уӕ ӕфсӕстаид».
Copyright information for OssIBT2022