‏ Psalms 81

1Асафы псалом.

Хуыцау сыстади хуыцӕутты
Кӕнӕ «тӕрхонгӕнджыты». Ацы дзырдӕн оригиналон тексты ис цалдӕр нысаниуӕджы: «хуыцӕуттӕ», «зӕдтӕ», «тӕрхонгӕнджытӕ». 6-ӕм стихы дӕр афтӕ.
ӕмбырды
ӕмӕ се’хсӕн рахаста Йӕ тӕрхон:
2«Ӕнӕраст тӕрхон кӕдмӕ хӕсдзыстут,
фыдлӕгты фарс кӕдмӕ хӕцдзыстут?
3Мӕгуырты ӕмӕ сидзӕрты сӕрыл хӕцут,
ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕмӕн
рӕстаг тӕрхон хӕссут!
4Бахизут ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыры,
фыдлӕгты къухтӕй сӕ фервӕзын кӕнут!

5Ницы зонынц ӕмӕ ницы’мбарынц,
талынджы цӕуынц;
суанг ма зӕххы бындуртӕ дӕр нынкъуыстысты!
6Ӕз загътон: „Сымах хуыцӕуттӕ стут,
уе’ппӕт дӕр — Иууылбӕрзонды фырттӕ“,
7фӕлӕ сымах дӕр иннӕ адӕмау амӕлдзыстут,
зӕххон хицӕуттау бабын уыдзыстут».
8О Хуыцау, сыст ӕмӕ тӕрхон кӕн зӕххӕн,
уымӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ сты Дӕ исбон!
Copyright information for OssIBT2022