Psalms 82
1Зарӕг. Асафы псалом. 2О Хуыцау, ма у ӕнӕсым, ма лӕуу ӕнцад!ма у ӕнӕдзуапп, Хуыцау!
3Ӕркӕс-ма, Де знӕгтӕ мӕ
сӕ хъӕрахсты бын фӕкодтой.
Йе сӕфт Дӕ чи уыны,
уыдон схӕцыдысты сӕ сӕртыл.
4Дӕ адӕмы ныхмӕ Дын сарӕзтой фыдвӕнд.
Дӕ базыры бын кӕй бакодтай,
уыдоны ныхмӕ уынаффӕтӕ кӕнынц.
5Зӕгъынц: «Цӕй ӕмӕ ацы адӕмы ныццӕгъдӕм,
цӕмӕй Израилы номӕн
йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр макуыуал райхъуыса!»
6Ӕмзӕрдӕйӕ баныхас кодтой,
Дӕ ныхмӕ цӕдис сарӕзтой:
7Едомы цатырты цӕрджытӕ,
измаелӕгтӕ, моавӕгтӕ, агарӕгтӕ,
8гевалӕгтӕ, аммонӕгтӕ, амалекӕгтӕ,
филистимӕгтӕ Тиры цӕрджытимӕ.
9Сӕ фарс рахӕцыдысты ассириӕгтӕ дӕр,
Лоты байзӕддӕгтӕн сӕ хъаруйыл бафтыдтой.
10Уӕдӕ сӕ бабын кӕн,
Кишоны былгӕрон мидианӕгты,
Сисерайы ӕмӕ Йавины куыд бабын кодтай,
11Ен-Доры цӕрджытӕ куыд фӕцагъды сты
ӕмӕ сӕ мӕрдтӕ зӕххӕн хъацӕн
куыд фестадысты, уыйау!
12Сӕ раздзӕуджыты сын амар
Орев ӕмӕ Зеевау,
сӕ фӕтӕгты та —
Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйау!
13Уымӕн ӕмӕ уыдон дзырдтой:
«Мах бацахсдзыстӕм Хуыцауы зӕххытӕ».
14О мӕ Хуыцау, фӕсур сӕ,
дымгӕ йӕ уӕлныхты уаддзалх
кӕнӕ зыгуымы муртӕ куыд ахӕссы, уыйау!
15Хъӕды бӕлӕстыл зынг куыд сирвӕзы,
хӕхтыл арты пиллон куыд афӕйлауы,
16афтӕ сӕ Дӕ тымыгъӕй ныффалгӕрон кӕн,
Дӕ зилгӕ уадӕй сыл фыд азар бафтау!
17Се’фсарм куыд ссудза
ӕмӕ Дӕ куыд бацагурой, Дунедарӕг,
афтӕ сын бакӕн!
18Мыггагмӕ сыл худинаджы гакк сӕвӕр,
фыд тас сыл бафтау!
Уадз ӕмӕ фӕхудинаг уой ӕмӕ бабын уой!
19Уадз ӕмӕ базоной, Дӕ ном Дунедарӕг кӕй у,
ӕрмӕст Ды кӕй дӕ Бӕрзӕндтыл Бадӕг
ӕгас зӕххы сӕрмӕ!
Copyright information for
OssIBT2022