‏ Psalms 83

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты псалом.

2Уӕларвӕфсады Бардарӕг!
Куыд бӕллиццаг у Дӕ цӕрӕн бынат!
3Тӕхуды, Дунедарӕджы Кувӕндоны кӕрты ма
иу хатт мӕ къах куы ӕрӕвӕрин!
Мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ буар
цинимӕ куы скъӕфынц мӕн
цардӕгас Хуыцаумӕ!
4Дӕ нывондхӕссӕнты алыварс
суанг сырддонцъиутӕ
ӕмӕ зӕрватыччытӕ дӕр
сӕ лӕппынтӕн ахстӕттӕ куы аразынц,
Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау!
5Тӕхудиаг сты,
Дӕ хӕдзары чи цӕры, уыдон, —
иудадзыг Дӕ стаудзысты!
6Тӕхудиаг у,
Ды йӕ хъомысы гуырӕн кӕмӕн дӕ
ӕмӕ Дӕ раст фӕндагыл цӕуын
ӕхцон кӕмӕн у!
7Цӕссыджы дӕлвӕзы цӕугӕйӕ дӕр уыдон
суадӕттӕ ссарынц,
арфӕ йын ӕрхӕссы къӕвда.
8Фӕндагыл фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны сӕ хъару,
Сионы хохыл Хуыцауы раз ӕрлӕууынц.
9Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
айс мын мӕ куывд!
Йаковы Хуыцау,
фехъус мын мӕ лӕгъстӕ!
10О Хуыцау, нӕ сӕрылхӕцӕг!
Дӕ аудӕг цӕстӕй ӕркӕс
Дӕ байсӕрст паддзахмӕ!

11Дӕ Кувӕндоны кӕрты иу бон алӕууын
ӕндӕр ран мин боны арвитынӕй — хуыздӕр!
Ӕнӕхуыцӕутты цатырты цӕрынӕй Хуыцауы хӕдзарӕн
йӕ къӕсӕры цур лӕууын — хуыздӕр!
12Дунедарӕг Хуыцау — нӕ хур ӕмӕ нӕ уарт.
Дунедарӕг дӕтты фарн ӕмӕ кад.
Йӕ царды бонтӕ рӕстӕй чи ӕрвиты,
уыдоны ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ ныууадздзӕн.
13Уӕларвӕфсады Бардарӕг!
Тӕхудиаг у, Дӕуыл йӕхи чи фӕдзӕхсы,
уыцы адӕймаг.
Copyright information for OssIBT2022