‏ Psalms 89

1Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы куывд.

2О Хуыцау, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ
Ды дӕ не’мбӕхсӕн бынат!
3Хӕхтӕ нӕма сӕнтыстысты,
дуне ӕмӕ зӕхх нӕма сфӕлдыстай —
ӕнусӕй ӕнустӕм Ды Хуыцау дӕ.

4Ды адӕймаджы фӕстӕмӕ сыджытмӕ раздахыс,
фӕзӕгъыс адӕмӕн: «Раздӕхут сыджытмӕ!»
5Дӕуӕн мин азы сты зноны бонау,
ӕхсӕвы хъахъхъӕнӕджы иу аивдау.
6Ды тыгъдызӕйау адӕмы ахӕссыс Дӕ разӕй,
ӕмӕ ӕрбайсӕфынц фынау;
кӕрдӕджы’нгӕс сты уыдон —
райсомӕй чи ӕрзайы, дидинӕг чи ракалы,
изӕры та чи ахус вӕййы.
7Уымӕн ӕмӕ мах Дӕ азарӕй фесӕфӕм,
Дӕ маст ныл ӕвирхъау тас ӕфтауы.
8Нӕ тӕригъӕдтӕ нын равӕрдтай Дӕ разы,
нӕ сусӕгтӕ Дӕ цӕсгомы рухсӕй раргом кодтай.
9Цӕргӕбонты нӕм Дӕ маст нӕ сысы,
ӕмӕ нӕ азтӕ иунӕг уысмау атӕхынц.
10Нымадӕй ахӕссӕм ӕвдай азы,
хъӕддыхдӕр чи у, уый — ӕстай,
сӕ фылдӕр хай — фыдӕбон ӕмӕ низтӕ;
уайтагъд фӕвӕййынц, ӕмӕ ӕрбайсӕфӕм.
11Дӕ масты тых Дын чи базыдта?
Хуыцауы тас нӕм цас фылдӕр ис,
уый бӕрц нӕм къаддӕр абухы Дӕ маст.
12Сахуыр нӕ кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын,
цӕмӕй нӕ зӕрдӕ суа куырыхон.
13О Дунедарӕг, раздӕх нӕм!
Кӕдмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ?
Батӕригъӕд кӕн Дӕ цагъартӕн!
14Ӕрвылрайсом нӕ Дӕ хорзӕхӕй ӕфсад,
цӕмӕй зӕрдӕрухс уӕм,
нӕ царды бонтӕ цинимӕ ӕрвитӕм.
15Цал боны ӕмӕ нӕ цал азы ӕфхӕрдтай,
уыдоны ныхмӕ нын циндзинад ратт,
16Дӕ цагъартӕ Дын Де стырад куыд феной,
сӕ кӕстӕртӕм куыд раргом уа Дӕ кад!
17Нӕ Дунедарӕг Хуыцауы хорзӕх нӕ уӕд!
Нӕ къухтӕ нын фӕфидар кӕн нӕ алы хъуыддаджы,
хъару ратт нӕ цӕнгты фӕллойӕн!
Copyright information for OssIBT2022