Psalms 9
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: «Алмут Лаббен»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом. 2О Дунедарӕг, зӕрдӕбынӕй Дӕ стаудзынӕн,Дӕ диссӕгты тыххӕй Дын дзурдзынӕн.
3Цин кӕндзынӕн, сараздзынӕн бӕрӕгбон,
Иууылбӕрзонд, стаудзынӕн Дын Дӕ ном.
4Ме знӕгтӕ лидзӕг фесты,
ӕрхаудысты, бабын сты Дӕ разы.
5Уымӕн ӕмӕ мын Ды мӕ хъаст равзӕрстай.
Дӕ къӕлӕтджыны ӕрбадгӕйӕ,
Ды раст тӕрхон рахастай, о раст Тӕрхонгӕнӕг!
6Дӕ азар баййӕфта адӕмты,
фыдгӕнджыты ныццагътай,
мыггагмӕ сын сӕ кой дӕр фесӕфтай.
7Знӕгтӕ бынысӕфт фесты,
ныппырх сын кодтай сӕ сахартӕ,
ӕмӕ сӕ кой дӕр нал ис.
8Фӕлӕ Дунедарӕг Йӕ къӕлӕтджыны — ӕнустӕм,
Йӕ паддзахы бадӕн тӕрхон кӕнынмӕ цӕттӕ у.
9Уый дунейӕн тӕрхон кӕндзӕни ӕнӕхӕрамӕй,
адӕмтӕн рахӕсдзӕни раст тӕрхон.
10Ӕфхӕрд лӕгӕн Дунедарӕг уыдзӕни ӕмбӕхсӕн,
фыдбылызы заман ӕй бахиздзӕн.
11Дӕ ном Дын чи зоны,
уыдонӕн сӕ ныфс Ды Дӕ, Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ Ды нӕ ныууадздзынӕ,
Дӕу чи агуры, уыдоны.
12Кады зарӕг кӕнут Дунедарӕгӕн, Сионы Паддзахӕн,
адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.
13Уымӕн ӕмӕ Уый туджы аргъ фидын кӕны,
рох Дзы нӕу мӕгуырты дзыназын.
14Батӕригъӕд мын кӕн, Дунедарӕг, ӕркӕс,
ме знӕгтӕ мӕ удхарӕй куыд марынц, уымӕ,
мӕлӕты комӕй мӕ байс!
15Ӕмӕ ӕз ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй
Сионы чызджы ▼
▼Ома Йерусалимы.
кулдуары раз,цин кӕндзынӕн, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.
16Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой,
уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты,
сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой,
уый сӕхи къӕхтыл стыхсти.
17Дунедарӕг раргом ис, стӕрхон кодта:
фыдгӕнджытӕ сӕхи къӕппӕджы бахаудтой.
18Мӕрдтыбӕсты хай бауӕнт фыдгӕнджытӕ,
Хуыцау кӕмӕй ферох, ӕппӕт уыцы адӕмтӕ.
19Ӕнусмӕ нӕ уыдзӕн рохуаты мӕгуыр лӕг,
мӕгуыр лӕджы ныфс мыггагмӕ сӕфт нӕу.
20Раст, Дунедарӕг, уадз адӕймаг йӕхи бӕрзонд ма сӕвӕра,
адӕмты ӕрлӕууын кӕн Дӕ тӕрхоны раз.
21Ӕвирхъау тас сыл бафтау, Дунедарӕг;
уадз, зоной — адӕмӕй уӕлдай ницы сты.
22О Дунедарӕг! Цӕмӕн лӕууыс дард,
фыд заманы цӕмӕн бамбӕхстай Дӕхи?
23Сӕрбӕрзондӕй ӕнӕхуыцау
мӕгуыр лӕджы фӕдыл зилы —
йӕ фыдвӕндты азар йӕхи баййафӕд!
24Фыдгӕнӕг ӕппӕлы йӕ монцтӕй,
кӕрӕф адӕймаг буц кӕны йӕхи,
Дунедарӕджы та фауы.
25Ӕнӕхуыцау сӕрбӕрзондӕй кӕсы,
Дунедарӕджы ницӕмӕ дары,
дзуапп дӕттын мӕ нӕ бахъӕудзӕни,
Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ.
26Йӕ хъуыддӕгты — алкӕддӕр ӕнтыстджын,
дард у Дӕ уынаффӕтӕй,
ӕлгъ кӕны йе’ппӕт знӕгтыл.
27Йӕхинымӕр зӕгъы: «Нӕ фӕцуддзынӕн,
мыггагмӕ фыдбылызӕй хызт уыдзынӕн».
28Йӕ былалгъыл — ӕрмӕстдӕр ӕлгъыст,
мӕнгарддзинад ӕмӕ сайд,
йе’взагыл — бӕллӕх ӕмӕ фыдбылыз.
29Бабады фӕскъуымты,
фӕсвӕдӕй амары ӕнаххосы,
аивӕй йӕ амӕттаджы хъахъхъӕны.
30Домбай йӕ хуыккомы куыд бабада,
уыйау рӕсӕны фӕбады,
цӕмӕй мӕгуыр лӕджы ӕрцахса;
фӕлӕбуры мӕгуыр лӕгмӕ,
йӕ ахсӕн хыз ыл баппары.
31Ӕрныгъуылы, ӕрӕмбӕхсы,
ӕмӕ ӕнӕбонтӕ бахауынц йӕ дзӕмбытӕм.
32Фӕзӕгъы йӕхицӕн: «Ферох дӕн Хуыцауӕй!
Йӕ цӕсгом азылдта, никуы мӕ фендзӕн».
33Раст, Дунедарӕг! Сис Дӕ къух, Хуыцау!
Ӕфхӕрд адӕмы ма ферох кӕн.
34Фыдгӕнӕг цӕмӕн фауы Хуыцауы?
Афтӕ йӕм цӕмӕн кӕсы,
цыма дзы дзуапп не’рдомдзынӕ?
35Ды кӕсыс, маст ӕмӕ рыст уыныс —
Дӕхи къухӕй сын райсдзынӕ сӕ маст!
Дӕуыл фӕдзӕхсы йӕхи мӕгуыр лӕг,
йе’ххуысгӕнӕг сидзӕрӕн Ды дӕ!
36Фыдгӕнӕг ӕмӕ ӕнӕхуыцауӕн йӕ тых басӕтт,
йӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа, афтӕ.
37Дунедарӕг — мыггагмӕйы паддзах;
муртаттӕгтӕ ӕрбайсӕфдзысты Йӕ зӕххӕй.
38Сӕрныллӕгты бӕллицтӕ зоныс, Дунедарӕг!
Сӕ зӕрдӕтӕ сын фӕфидар кӕн, фехъус сӕ,
39цӕмӕй сидзӕр ӕмӕ ӕфхӕрдӕн
раст тӕрхон уа,
цӕмӕй ӕфхӕрджытӕ мауал уой зӕххыл.
Copyright information for
OssIBT2022