‏ Psalms 90

1Иууылбӕрзондӕн Йӕ дӕлбазыр чи цӕры,
уый Ӕппӕтхъомысы аууоны ссары ӕнцой.
2Дунедарӕгӕн зӕгъы:
«Ды — мӕ ирвӕзӕн фидар, мӕ къӕдзӕх,
мӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарын, уыцы Хуыцау!»
3Уый дӕ фервӕзын кӕндзӕн
ахсӕн хызӕй ӕмӕ алы фыдбылызӕй.
4Йӕ базыры бын дӕ бакӕндзӕн,
ӕмӕ дын тас ницӕмӕй уыдзӕн.
Йӕ иузӕрдиондзинад — дӕ сис ӕмӕ дӕ уарт.
5Ӕхсӕв дын тас нӕ уыдзӕни фыдмонтӕй,
боныгон — тӕхгӕ фатӕй,
6талынджы хъуызӕг емынӕйӕ
ӕмӕ ӕмбисбон сафӕг рынӕй.
7Минӕй ӕрхаудзысты Дӕ разы,
дӕс мины та — дӕ рахизфарс,
фӕлӕ ды баззайдзынӕ ӕвыдӕй.
8Ӕрмӕстдӕр ӕвдисӕн уыдзынӕ —
дӕхи цӕстӕй фыдлӕгты ӕфхӕрд фендзынӕ.
9Уымӕн ӕмӕ ды загътай:
«Мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дарын».
Дунедарӕгыл бафӕдзӕхстай дӕхи,
10ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ,
дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн.
11Бафӕдзӕхсдзӕни дӕ Йӕ зӕдтӕн —
дӕ алы фӕндагыл дӕ бахъахъхъӕндзысты.
12Сӕ къухтыл дӕ ахӕсдзысты,
ӕмӕ дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ.
13Домбай ӕмӕ сау калмы
дӕ къӕхты бын кӕндзынӕ,
домбай ӕмӕ залымы ныссӕнддзынӕ.
14Дунедарӕг зӕгъы:
«Уарзы Мӕ,
ӕмӕ йӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн
Мӕ ном Мын зоны,
ӕмӕ йӕ Ӕз бахиздзынӕн.
15Фӕсиддзӕн Мӕм,
ӕмӕ йӕ Ӕз фехъусдзынӕн.
Йӕ тыхсты сахат йемӕ дӕн.
Ӕххуысмӕ йӕм фӕзындзынӕн
ӕмӕ йӕ скадджын кӕндзынӕн.
16Царды бонтӕй йӕ бафсаддзынӕн,
Мӕ ирвӕзындзинад ын раргом кӕндзынӕн».
Copyright information for OssIBT2022