‏ Psalms 91

1Псалом. Сабатбоны зарӕг.

2Куыд ӕхцон у Дунедарӕджы стауын
ӕмӕ Дӕ номы кадӕн зарын, Бӕрзӕндтыл Бадӕг,
3сӕумӕрайсом стауын Дӕ хорзӕх,
ӕхсӕвыгон — Дӕ иузӕрдиондзинад,
4дӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты зӕлтимӕ.
5Уымӕн ӕмӕ мын, Дунедарӕг,
мӕ зӕрдӕ срухс кодтай Дӕ хъуыддӕгтӕй.
Дӕ къухӕй цыдӕриддӕр сарӕзтай,
уыдоны цинӕй райын.
6О Дунедарӕг!
Куыд ӕгӕрон сты Дӕ хъуыддӕгтӕ,
куыд арф сты Дӕ хъуыдытӕ!
7Ӕдылы сӕ нӕ зоны,
ӕнӕфенд сӕ не’мбары.
8Фыдгӕнджытӕ кӕрдӕгау рӕзынц,
ӕнӕхуыцӕуттӕ дидинӕг калынц,
фӕлӕ уыдон фесӕфдзысты мыггагмӕ.
9Дӕуӕн та, Дунедарӕг,
Дӕ кад бӕрзонд у ӕнусмӕ!
10Де знӕгтӕ, Дунедарӕг,
Де знӕгтӕ бабын уыдзысты ӕцӕгдӕр,
фыдгӕнджытӕ алырдӕмты фӕлидздзысты.
11Мӕнӕн та галы сыкъайау
мӕ сыкъа сисыс бӕрзонд,
ноглӕмӕрст оливӕйы сойӕ мӕ байсӕрдыс.
12Мӕ цӕстытӕ ме знӕгты сӕфт уынынц,
мӕ ныхмӕ растджытӕн се сӕфты кой хъусын.
13Рӕстгӕнӕг дыргъбӕласау дидинӕг калдзӕн,
хӕрдмӕ фӕцӕудзӕни ливайнаг кедрау.
14Дунедарӕджы хӕдзары кӕй ныссагътой,
уыдон дидинӕг калынц нӕ Хуыцауы кӕртыты,
15зӕры бонты дӕр дыргъджын,
донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,
16цӕмӕй хъусын кӕной,
Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх, рӕстаг кӕй у, уый
ӕмӕ Йӕм ӕнӕрастӕй кӕй ницы ис!
Copyright information for OssIBT2022