Psalms 93
1О, алкӕмӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фидӕг Хуыцау!О Дунедарӕг, раргом нӕм кӕн Дӕхи!
2Ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг,
сыст, хирвӕссонты бафхӕр!
3О Дунедарӕг, ӕнӕхуыцӕуттӕ
кӕдмӕ кӕндзысты уӕлахиз?
4Сӕ ныхӕстӕ — къӕйных,
сӕ фыдракӕндтӕй ӕппӕлынц.
5О Дунедарӕг,
ссӕндынц Дын Дӕ адӕмы, ӕфхӕрынц сӕ,
6цӕгъдынц идӕдз сылгоймӕгты,
ӕрцӕуӕггӕгты ӕмӕ сидзӕрты.
7Уыдон дзурынц: «Дунедарӕг нӕ фендзӕнис,
нӕ базондзӕнис уыдӕттӕ Йаковы Хуыцау».
8Уӕхи ӕрӕмбарут, ӕдылытӕ!
Ӕнӕфендтӕ, уӕ сӕры зонд кӕд бацӕудзӕн?
9Ау, хъустӕ чи радта, уый ницы фехъусдзӕн?
Цӕстытӕ сфӕлдисӕг, ау, ницы фендзӕнис?
10Адӕмты Зондамонӕг,
адӕймаджы Чи ахуыр кӕны,
Уый, ау, сымах не’рфӕрсдзӕн?
11Дунедарӕг зоны адӕмы хъуыдытӕ —
уыдон кӕй ӕрбайсӕфынц мигъау.
12Дунедарӕг! Тӕхудиаг у,
Ды зонд кӕмӕн амоныс, уыцы адӕймаг,
Де’Гъдауыл кӕй ахуыр кӕныс, уый,
13цӕмӕй фыд заманы уа ӕдас,
цалынмӕ ӕнӕхуыцауӕн
уӕрм скъахтӕуа, уӕдмӕ.
14Дунедарӕг нӕ ныууадздзӕн Йӕ адӕмы,
Йӕ исбон Дзы нӕ ферох уыдзӕн.
15Тӕрхондоны уӕлахиз кӕндзӕни рӕстдзинад,
ӕмӕ рӕстудтӕ раст тӕрхоны фарс хӕцдзысты.
16Фыдгӕнджыты ныхмӕ
тохы чи бацӕудзӕн мӕ сӕрыл?
Фыдлӕгты ныхмӕ чи рахӕцдзӕн мӕ фарс?
17Дунедарӕг мыл куынӕ ӕххуыс кӕнид,
уӕд афонмӕ зӕххыл мӕ кой дӕр нал уаид.
18Куы-иу загътон, гъа, ныр фӕкӕлдзынӕн, зӕгъгӕ,
уӕд-иу мӕ, Дунедарӕг, фӕфидар кодта Дӕ хорзӕх.
19Мӕ зӕрдӕ хъизӕмар кӕны,
фӕлӕ мӕ’рсабыр кӕныс Ды,
ӕмӕ та сцин кӕны мӕ уд.
20Фыдгӕнджыты паддзахы бадӕн,
Де’Гъдауы ныхмӕ чи цӕуы, уый
не’рфидар уыдзӕн Дӕ разы.
21Уыдон рӕстудты ныхмӕ сыстынц,
ӕнаххосты туг калынц,
22фӕлӕ мӕн Дунедарӕг хъахъхъӕны,
мӕ ныфсы мӕсыг у мӕ Хуыцау.
23Сӕ фыдбылызтӕ сын сӕхи ныхмӕ фӕкӕндзӕнис,
сӕ фыдракӕндты тыххӕй ныццӕгъддзӕн,
фесафдзӕн сӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.
Copyright information for
OssIBT2022