‏ Psalms 94

1Ӕрбацӕут ӕмӕ цины зарӕгӕй
Дунедарӕджы сыстауӕм,
кад кӕнӕм Хуыцауӕн,
нӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхӕн.
2Йӕ разы ӕрлӕууӕм райгондӕй,
кады зарджытӕй Йӕ стауӕм,
3уымӕн ӕмӕ Стыр Хуыцау у Дунедарӕг —
ӕппӕт хуыцӕутты Стыр Паддзах.
4Зӕххӕн йӕ бындуртыл Уый хӕцы,
хӕхты бӕрзӕндтӕ Йӕ къухы сты.
5Уый у денджыз дӕр,
Уый йӕ сфӕлдыста,
ӕмӕ сур дӕр сарӕзтой Йӕ къухтӕ.
6Ӕрбацӕут-ма ӕмӕ бакувӕм,
ӕрзоныг уӕм Дунедарӕджы,
не Сфӕлдисӕджы раз.
7Уый нӕ Хуыцау у, мах та — Йӕ адӕм,
Йӕ фысты дзуг.
Абон Ын Йӕ хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд,
8фӕлварӕн бон Меривайы,
ӕдзӕрӕг быдыры, Массӕйы, куыд уыдыстут,
уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут.
9Уӕ фыдӕлтӕ Мӕ уым фӕлвӕрдтой
ӕмӕ, цы сарӕзтон, уый федтой.
10Дыууиссӕдз азы
Ӕз мӕсты уыдтӕн сӕ фӕлтӕрмӕ.
Уӕд загътон:
«Ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ адзӕгъӕл сты,
Мӕ фӕндӕгтӕ Мын нӕ зонынц».
11Ӕз смӕсты дӕн ӕмӕ расомы кодтон:
«Ме’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты уыдон».
Copyright information for OssIBT2022