‏ Psalms 96

1Дунедарӕг у Паддзах!
Райӕд зӕххы цъар,
райӕнт денджызгӕрон ӕппӕт бӕстӕтӕ.
2Йӕ алыварс — мигъ, саудалынг,
Йӕ паддзахы бадӕны бындур —
рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон.
3Йӕ разӕй цӕуы арт,
Йӕ алыварс Ын бавзалы кӕны Йе знӕгты.
4Йӕ арвӕрттывдтӕй рухс у дун-дуне;
зӕхх уый уыны ӕмӕ ризы.
5Хӕхтӕ тайынц мыдадзау Дунедарӕджы,
зӕххы цъары Бардарӕджы раз.
6Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Йӕ раст тӕрхон,
адӕмтӕ ӕвдисӕн сты Йӕ кадӕн.
7Додой сӕ къона, гуымирытӕн чи кувы
ӕмӕ сын лӕггад чи кӕны, уыдонӕн!
Ӕппӕт хуыцӕуттӕ,
зӕххыл ӕрхаут Йӕ разы!

8Хъусы Сион ӕмӕ райы,
цин кӕнынц Иудейы чызджытӕ,
цин кӕнынц, Дунедарӕг,
Дӕ раст тӕрхоныл!
9Уымӕн ӕмӕ Ды, Дунедарӕг,
ӕгас зӕххӕй бӕрзонддӕр,
ӕппӕт хуыцӕуттӕй уӕлдӕр дӕ!
10Дунедарӕджы уарзджытӕ,
ӕнӕуынон уын уӕд фыддзинад!
Уый хъахъхъӕны рӕстгӕнджыты,
ӕнӕхуыцӕутты къухӕй сӕ бахизы.
11Рухс сӕрттывта рӕстгӕнӕгӕн,
сыгъдӕг зӕрдӕты цин ӕрцарди.
12Цин кӕнут, рӕстудтӕ, Дунедарӕгыл,
стаут Ӕй, уаз кӕй у, уый тыххӕй!
Copyright information for OssIBT2022