Psalms 97
1Псалом.Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг,уымӕн ӕмӕ Уый диссӕгтӕ сарӕзта.
Йӕ рахиз къухӕй, Йӕ уаз къухӕй
Уый райста уӕлахиз!
2Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад,
ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.
3Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди Йӕ хорзӕх,
Израилы адӕмыл иузӕрдион кӕй у, уый.
Ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм адӕмтӕ
нӕ Хуыцауы ирвӕзындзинад федтой.
4Цинӕй райут Дунедарӕгыл,
ӕгас зӕххы цӕрджытӕ!
Цинхъӕр кӕнут,
хъӕлдзӕг ут ӕмӕ зарут!
5Зарут Дунедарӕгӕн
дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ,
Зарут хъӕрӕй
дыууадӕстӕнонты зӕлтимӕ!
6Хӕтӕлтӕ ӕмӕ сыкъауадындзы цагъдимӕ
цинӕй райут уӕ Паддзахы,
Дунедарӕджы раз!
7Нӕрӕд денджыз
ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон,
цинвӕдис кӕнӕд дун-дуне
йе’ппӕт цӕрджытимӕ!
8Цӕугӕдӕттӕ Йын ӕмдзӕгъд кӕнӕнт,
цин кӕнӕнт хӕхтӕ
9Дунедарӕджы раз,
Уымӕн ӕмӕ Уый зӕххӕн
тӕрхон кӕнынмӕ рацӕуы.
Уый дун-дунейӕн рахӕсдзӕн
рӕстаг ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.
Copyright information for
OssIBT2022