Revelation of John 1
1Ацы чиныг у Йесо Чырыстийы ӕргомад — уый Йын рардӕуыди Хуыцауӕй, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн раргом кӕна, рӕхджы цы уыдзӕнис, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо Йӕ зӕды фӕрцы равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн. 2Ӕмӕ Иоанн, цы федта, уыдон иууылдӕр фехъусын кодта. Афтӕмӕй уый ӕвдисӕн ныллӕууыд Хуыцауы ныхасӕн ӕмӕ радзырдта Йесо Чырыстийы тыххӕй. 3Тӕхудиаг сты, ацы пехуымпар ныхӕстӕ чи кӕсы ӕмӕ сӕм чи хъусы, цы фыст дзы ис, уыдӕттӕ кӕмӕ хъарынц, уыдон, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс. aСаламтӕ — авд аргъуанӕн
4Иоаннӕй — Азийы авд аргъуанмӕ: хорзӕх ӕмӕ уын фарн, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уымӕй ӕмӕ, Йӕ бадӕны раз чи ис, уыцы авд удӕй b 5ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ — мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ис ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Мах Чи уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы нӕ тӕригъӕдтӕй Чи фервӕзын кодта, c 6паддзӕхтӕ ӕмӕ нӕ Йӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Фыдӕн лӕггадгӕнджытӕ Чи скодта, Уымӕн кад ӕмӕ Паддзахад уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен. d 7Мӕнӕ Уый ӕврӕгътимӕ ӕрцӕуы,ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн,
чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр.
Ӕмӕ Йӕ разы ныккӕудзысты
зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр.
Афтӕ уыдзӕн ӕцӕг! Аммен. e
8«Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ ▼
▼Альфӕ ӕмӕ Омегӕ — бердзенаг алфавиты фыццаг ӕмӕ фӕстаг дамгъӕтӕ.
[райдиан ӕмӕ кӕрон]», — зӕгъы Бардарӕг Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый — Ӕппӕтылхӕцӕг. g Чырысти раргом ис Иоаннмӕ Патмосы сакъадахы
9Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос кӕй хонынц, уыцы сакъадахмӕ. h 10Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.] 11Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс ӕмӕ йӕ арвит Азийы авд аргъуанмӕ: Эфесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филадельфи ӕмӕ Лаодикимӕ». 12Ӕз акастӕн фӕстӕмӕ, чи мӕм дзуры, уый фенон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куы акастӕн, уӕд федтон авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны, 13ӕмӕ цыма цырагъдарӕнты хсӕн лӕууы чидӕр — Адӕймаджы фырты ӕнгӕс. Йӕ уӕлӕ — даргъ дарӕс, Йӕ гуыр — сыгъзӕрин ронӕй ӕлвӕст. i 14Йӕ сӕрыхъуынтӕ митау уыдысты урс-урсид, урс къуымбилы ӕнгӕс. Йӕ цӕстытӕ — пиллон артау. 15Йӕ къӕхтӕ ӕрттывтой, пецы чи сзынг, ахӕм ӕрхуыйау, Йӕ хъӕлӕс та нӕрыд стыр ӕхсӕрдзӕнау. 16Йӕ рахиз къухы — авд стъалыйы, Йӕ дзыхӕй ӕддӕмӕ зынди цыргъ дыкомыг цирхъ, Йӕ цӕсгом уыди ӕмбисбоны тӕмӕнкалгӕ хуры хуызӕн. j 17Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг, 18дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ. k 19Уӕдӕ ныффысс, цы федтай, цытӕ цӕуы ӕмӕ фӕстӕдӕр цытӕ ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. 20Мӕ рахиз къухы кӕй уыныс, уыцы авд стъалыйы, стӕй авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны сусӕгдзинад ахӕм у: авд стъалыйы сты авд аргъуаны зӕдтӕ, авд цырагъдарӕны та — авд аргъуаны.
Copyright information for
OssIBT2022