Revelation of John 10
Зӕд чиныгимӕ
1Ӕз федтон ӕндӕр хъомысджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъ, йӕ сӕрмӕ — арвӕрдын, йӕ цӕсгом — хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ — судзгӕ цӕджындзтау. a 2Йӕ къухы уыди гыццыл чиныг гомӕй. Уыцы зӕд йӕ рахиз къах ӕрӕвӕрдта денджызыл, галиу къах та — зӕххыл b 3ӕмӕ ныхъхъӕр кодта, домбай куыд фембухы, афтӕ. Куы ныхъхъӕр кодта, уӕд ын дзуапп радтой авд ӕрвнӕрды. 4Авд ӕрвнӕрды дзуапп куы радтой, уӕд ӕз хъуамӕ бавнӕлдтаин фыссынмӕ. Фӕлӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Авд ӕрвнӕрды цы загътой, уый басусӕг кӕн, ма йӕ ныффысс». 5Денджызыл ӕмӕ зӕххыл лӕугӕ кӕй федтон, уыцы зӕд йӕ рахиз къух уӕларвмӕ сдардта 6ӕмӕ расомы кодта, мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕй — арв ӕмӕ, арвыл цы ис, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цы ис, денджыз ӕмӕ, денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ Сфӕлдисӕгӕй: «Ӕрцӕуинаг цы у, уый нӕ бафӕстиат уыдзӕн». 7Ӕвдӕм зӕдӕн сыкъауадындзӕй уасыны рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд сӕххӕст уыдзӕн Хуыцауы сусӕг фӕндон — Йӕ цагъар пехуымпартӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ. c 8Уӕларвӕй мӕм цы хъӕлӕс ӕрыхъуыст, уый мын ноджыдӕр загъта: «Цу ӕмӕ, денджыз ӕмӕ зӕххыл цы зӕд лӕууы, уый къухӕй гом чиныг райс». 9Ӕз бацыдтӕн зӕдмӕ ӕмӕ йын загътон: «Ратт мын уыцы чиныг». Уый мын загъта: «Айс ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр. Дӕ хуылф дын смаст кӕндзӕн, дӕ дзыхы та мыдау адджын уыдзӕн». 10Ӕз зӕды къухӕй чиныг райстон ӕмӕ йӕ бахордтон. Ӕмӕ мӕ дзыхы мыдау уыди адджын; куы йӕ бахордтон, уӕд та дзы мӕ хуылф смаст ис. 11Ӕмӕ мын загъдӕуыд: «Ды та бирӕ адӕмтӕ, знӕмтӕ, ӕвзӕгтӕ ӕмӕ паддзӕхты тыххӕй хъуамӕ ногӕй пехуымпар ныхас зӕгъай».
Copyright information for
OssIBT2022