‏ Revelation of John 11

Дыууӕ ӕвдисӕны

1Радтой мӕм барӕн хъилы хуызӕн лӕдзӕг ӕмӕ мын загътой: «Марадз, сбар Хуыцауы Кувӕндон ӕмӕ нывондхӕссӕн ӕмӕ банымай, чи дзы кувы, уыдоны нымӕц. a 2Кувӕндоны ӕддаг кӕрт та ныууадз, ма йӕ сбар, уымӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн лӕвӕрд у: уыдон сыгъдӕг сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы. b 3Арвитдзынӕн Мӕ дыууӕ ӕвдисӕны, ӕмӕ уыдон сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕндзысты, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кӕндзысты мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны». 4Уыдон сты, ӕппӕт зӕххы Бардарӕджы раз чи лӕууы, уыцы дыууӕ оливӕ бӕласы ӕмӕ дыууӕ цырагъдарӕны. 5Искӕй уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын куы бафӕнда, уӕд сӕ комӕй рацӕудзӕн арт ӕмӕ сын се знӕгты аныхъуырдзӕн. Афтӕ амӕлдзӕн, уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын кӕй бафӕнда, уый. c 6Уыдонӕн ис лӕвӕрд арвы дуӕрттӕ сӕхгӕныны бар, цӕмӕй сӕ пехуымпариуӕджы рӕстӕг къӕвда ма уа. Куы сӕ бафӕнда, уӕд сӕм ис дӕттӕ туг фестын кӕныны ӕмӕ зӕххыл алы рын бафтауыны тых. 7Се’вдисӕнад куы фӕуой, уӕд семӕ стох кӕндзӕн дӕлдзӕхӕй рацӕуӕг сырд, фӕтых сыл уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн. d 8Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты, сӕ Бардарӕджы сын кӕм байтыгътой, фӕсномыгӕй Содом ӕмӕ Мысыр кӕй хонынц, уыцы стыр сахары уынджы. 9Сӕ мӕрдтӕм сын ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕг кӕсдзысты адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, ӕвзӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй бирӕтӕ ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ зӕппадзы бавӕрын нӕ бауадздзысты. 10Зӕххыл цӕрджытӕн уый уыдзӕн цины бӕрӕгбон, кӕрӕдзийӕн ӕрвитдзысты лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыцы дыууӕ пехуымпары уыдысты удхары хос. 11Фӕлӕ сӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ Хуыцау бауагъта цард, ӕмӕ слӕууыдысты сӕ къӕхтыл. Чи сӕ федта, уыдон баисты стыр тасы амӕттаг. 12Сӕ дыууӕ дӕр фехъуыстой, уӕларвӕй сын хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ссӕут ардӕм». Уыдон ӕврагъы фӕцыдысты уӕларвмӕ, ӕмӕ уый федтой се знӕгтӕ. 13Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас, ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн. 14Дыккаг бӕллӕх ахицӕн. Рӕхджы ӕрбахӕццӕ уыдзӕн ӕртыккаг бӕллӕх. e

Ӕвдӕм сыкъауадындз

15Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы
ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад,
ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни
ӕнусӕй-ӕнустӕм». f

16Хуыцауы раз сӕ паддзахы бадӕнты бадӕг цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ скуывтой Хуыцаумӕ: g 17«Ды Дӕхимӕ ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй райстай
ӕмӕ Паддзах кӕй сдӕ, уый тыххӕй
арфӕ кӕнӕм Дӕуӕн, Дунедарӕг,
Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцау,
Чи ис ӕмӕ Чи уыди, Уый.
18Муртаттӕгты маст рафыхт,
ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар,
мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны,
Дӕ цагъар пехуымпартӕн,
сыгъдӕджытӕн,
Дӕуӕй тӕрсджытӕн —
хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн —
фиддон раттыны,
бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг».

19Ӕмӕ уӕларвы байгом ис Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынди Йӕ Фидыды Чырын. Арв нырттывта, ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ стыр их ныууарыд.
Copyright information for OssIBT2022