Revelation of John 12
Сылгоймаг ӕмӕ залым
1Ӕмӕ арвыл фӕзынди стыр ӕвдисӕйнаг: йӕ дарӕс хурӕй кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаг. Йӕ къӕхты бын — мӕй, йӕ сӕрыл — кады худ дыууадӕс стъалыйӕ. 2Уый уыди сывӕрджын ӕмӕ хъӕр кодта фыр рыстӕй, уымӕн ӕмӕ ралӕууыдысты йӕ арыны хъизӕмӕрттӕ. 3Арвыл фӕзынд ӕндӕр бӕлвырд нысан дӕр: ӕртхуыз стыр залым — авд сӕры ӕмӕ йын дӕс сыкъайы, йӕ сӕртыл — авд кады худы. a 4Уый йӕ къӕдзилӕй расӕрфта стъалыты ӕртыццаг хай арвӕй ӕмӕ сӕ ӕркалдта зӕхмӕ. Залым лӕууыди арӕг сылгоймаджы уӕлхъус, цӕмӕй йын йӕ сывӕллоны, куыддӕр ӕй ныййара, афтӕ аныхъуыра. 5Сылгоймаг ныййардта, ӕппӕт адӕмты ӕфсӕн лӕдзӕгӕй чи хиздзӕн, ахӕм лӕппу. Ӕмӕ сывӕллон ист ӕрцыд Хуыцаумӕ, Хуыцауы паддзахы бадӕн кӕм ис, уырдӕм. b 6Сылгоймаг та алыгъд ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Хуыцау ын бынат кӕм ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм, уым ын мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны куыд лӕггад кӕной, афтӕ. c 7Ӕмӕ уӕларвы уыди хӕст — Михаел ӕмӕ йӕ зӕдтӕ хӕцыдысты залымимӕ, залым ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр хӕцыдысты сӕ ныхмӕ, 8фӕлӕ сыл нӕ фӕуӕлахиз сты, ӕмӕ сын уӕларвы бынат нал уыд. 9Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр. d 10Уӕд ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр нӕ Хуыцау ирвӕзындзинад ӕрхаста,ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады,
Йӕ Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг,
уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд
не’фсымӕртыл цъыфкалӕджы,
ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз
цъыф чи калдта, уый.
11Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй,
се’вдисӕнады ныхасӕй,
кастысты мӕлӕты дзыхмӕ,
фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой. e
12Уӕдӕ райут, уӕлӕрвтӕ
ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ!
Додой сӕ сӕр кӕны зӕхх ӕмӕ денджызӕн!
Ӕрхызти уӕм хӕйрӕг мӕстӕлгъӕдӕй,
бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал ис, уый зонгӕйӕ!»
13Зӕхмӕ йӕ кӕй раппӕрстӕуыд, залым уый куы бамбӕрста, уӕд зилын райдыдта, лӕппу кӕмӕн райгуырд, уыцы сылгоймаджы фӕдыл. 14Уӕд сылгоймагӕн лӕвӕрд ӕрцыд стыр цӕргӕсы дыууӕ базыры, ӕдзӕрӕг быдыры йын цы бынат уыди, уырдӕм калмӕй бамбӕхсыны тыххӕй атӕхынӕн, цӕмӕй йын уым лӕггад кӕной рӕстӕджы, рӕстӕджыты ӕмӕ рӕстӕджы ӕмбисы дӕргъы ▼
▼Ома ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг.
. 15Сылгоймаджы фӕдыл калм йӕ комӕй рауагъта цӕугӕдон, куыд ӕй аласа, афтӕ. 16Фӕлӕ зӕхх баххуыс кодта сылгоймагӕн — байтыгъта йӕ ком ӕмӕ аныхъуырдта, залиаг калм йӕ дзыхӕй цы цӕугӕдон рауагъта, уый. 17Залым смӕсты ис сылгоймагмӕ ӕмӕ ацыди, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн чи лӕууы, сылгоймаджы уыцы иннӕ цотимӕ схӕцынмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022