Revelation of John 14
Ног зарӕг Сионы хохыл
1Ӕз федтон: мӕнӕ Сионы хохыл лӕууы Уӕрыкк; Йемӕ сты, Йӕ ном ӕмӕ Йӕ Фыды ном йӕ тӕрныхыл фыст кӕмӕн у, уыцы 144 000 адӕймаджы. a 2Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс. Ӕз кӕй фехъуыстон, уыцы хъӕлӕс уыди, фӕндырдзӕгъдджытӕ цыма сӕ фӕндыртӕй цагътой, уый хуызӕн. b 3Уыдон паддзахы бадӕны раз, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры раз зарынц ног зарӕг. Зӕххон адӕмы’хсӕнӕй цы 144 000 адӕймаджы балхӕдӕуыд, уыдоны йеддӕмӕ уыцы зарӕг сахуыр кӕнын никӕй бон уыди. 4Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывонд чындӕуыд хоры сӕрау. c 5Сӕ дзыхӕй мӕнг ныхас нӕ рацыд, сты ӕнӕфау. dӔртӕ зӕды
6Уый фӕстӕ ӕз федтон ӕндӕр зӕды арвы бӕрзӕндты тӕхгӕ. Уыдис ӕм мыггагмӕйы Фарны Уац зӕххон цӕрджытӕн, цӕмӕй йӕ хъусын кӕна алы знӕм ӕмӕ алы мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмыхаттӕн. 7Зӕд хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тӕрхоны рӕстӕг. Бакувут арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ донгуырӕнтӕ Сфӕлдисӕгмӕ». e 8Фыццаг зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон! Йӕ хъахбайдзинады тыххӕй йӕ баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн». f 9Дыууӕ зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕртыккаг зӕд дӕр ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йӕ тӕрныхыл кӕнӕ йӕ къухыл нысан чи сӕвӕрдта, 10уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕни сондон арты. g 11Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ номы нысан чи сӕвӕрдта, уыдонӕн сӕ хъизӕмарӕй марӕг арты фӕздӕг цӕудзӕни мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ зондзысты». h 12Уӕдӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойыл иузӕрдион чи у, уыцы сыгъдӕджытӕ хъуамӕ уой фӕразон. 13Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл». iХуымгӕрдӕн афон зӕххыл
14Ӕз скастӕн ӕмӕ федтон урс ӕврагъ ӕмӕ ӕврагъыл — Чидӕр, адӕймаджы хуызӕн. Йӕ сӕрыл — сыгъзӕрин кады худ, Йӕ къухы — цыргъ ӕхсырф. 15Ноджы ма иу зӕд рацыди Кувӕндонӕй ӕмӕ ӕврагъыл Бадӕгӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз Де’хсырф ӕмӕ хуым ӕркӕрд, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд хуымгӕрдӕн — зӕххы хуымтӕ сцӕттӕ сты». j 16Уӕд ӕврагъыл Бадӕг Йе’хсырф рауагъта зӕххыл ӕмӕ йӕ ӕркарста. 17Уӕларвон Кувӕндонӕй рацыд ӕндӕр зӕд; уымӕ дӕр уыди цыргъ ӕхсырф. 18Ноджы ма иу зӕд, артыл кӕй бар цӕуы, уый рацыди нывондхӕссӕнӕй ӕмӕ, цыргъ ӕхсырф кӕмӕ уыди, уыцы зӕдӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз дӕ цыргъ ӕхсырф ӕмӕ зӕххы сӕнӕфсирӕн йӕ цупӕлттӕ ӕрлыг кӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ гагатӕ срӕгъӕд сты». k 19Зӕд йе’хсырф зӕххыл фехста, сӕнӕфсиры цупӕлттӕ ӕрлыг кодта ӕмӕ сӕ ныппӕрста Хуыцауы фыдӕхы стыр сӕндуцӕны. l 20Ӕмӕ сӕнӕфсиры гагатӕ лӕмӕрст ӕрцыдысты, фӕссахар цы сӕндуцӕн уыд, уым; сӕндуцӕнӕй туг ракалд ӕмӕ хӕрдмӕ бӕхы рохты онг фӕцыди, йӕ дӕргъ та анхъӕвзта мин ӕхсӕзсӕдӕ стадийы онг ▼▼Стадий — дӕргъбарӕн иуӕг. 1600 стадийы — 300 километры бӕрц.
.
Copyright information for
OssIBT2022