‏ Revelation of John 15

Авд зӕды ӕмӕ авд рыны

1Ӕз арвыл федтон ноджы ма иу стыр ӕмӕ ӕмбисонды ӕвдисӕйнаг — авд зӕды фӕстаг авд бӕллӕхимӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоныл Хуыцауы фыдӕх фӕуыдзӕн.

2Ӕмӕ ӕз федтон артимӕ хӕццӕ авджын денджызау цыдӕр. Сырдыл, йӕ сурӕтыл, йӕ номы нымӕцыл чи фӕтых, уыцы адӕм Хуыцауы фӕндыртимӕ лӕууынц авджын денджызыл a 3ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ,
Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау!
Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ,
адӕмты Паддзах!
4Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Дунедарӕг,
чи не скӕндзӕн кад Дӕ номӕн?
Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ.
Ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ
ӕмӕ Дӕм кувдзысты,
уымӕн ӕмӕ раргом сты Дӕ раст тӕрхӕттӕ».

5Уый фӕстӕ ӕз федтон: уӕларвы байгом ис Кувӕндон — Сыгъдӕг Цатыр. 6Гӕн хъуымацӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕрттивгӕ дарӕсы, сӕ риутыл сыгъзӕрин рӕттӕ, афтӕмӕй Кувӕндонӕй рацыдысты авд зӕды — авд рынимӕ. 7Цыппар уӕларвон удгоймагӕй иу ацы авд зӕдмӕ радта авд сыгъзӕрин кӕхцы, уыдон та йемыдзаг уыдысты, мыггагӕй-мыггагмӕ цардӕгас Чи у, уыцы Хуыцауы фыдӕхӕй. 8Кувӕндон байдзаг ис Хуыцауы кад ӕмӕ тыхы фӕздӕгӕй, ӕмӕ Кувӕндонмӕ бацӕуын никӕй бон уыдис, цалынмӕ авд зӕдӕн сӕ авд рыны фӕуой, уӕдмӕ.
Copyright information for OssIBT2022