‏ Revelation of John 16

Хуыцауы авд рыны

1Кувӕндонӕй мӕм райхъуыст, авд зӕдӕн хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Марадз, Хуыцауы фыдӕхы авд кӕхцы акалут зӕхмӕ!»

2Ацыд фыццаг зӕд ӕмӕ йӕ кӕхц ракалдта зӕхмӕ, ӕмӕ, сырды нысан кӕуыл уыд ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыцы адӕмыл фӕзынд ӕвирхъау риссаг хӕфдзӕстытӕ. a

3Дыккаг зӕд йӕ кӕхц ракалдта денджызыл. Ӕмӕ денджыз сси мард адӕймаджы туджы хуызӕн, ӕмӕ дзы удӕгасӕй ницыуал баззад.

4Ӕртыккаг зӕд йӕ кӕхц ракалдта цӕугӕдӕттыл ӕмӕ суадӕттыл, ӕмӕ туг фестадысты.

5Ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дӕттыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕды хъӕлӕс: «Раст дӕ Ды, Чи ис ӕмӕ Чи уыди,
уыцы сыгъдӕг Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ Ды ахӕм тӕрхон рахастай. b
6Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг
кӕй ныккалдтой,
уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай —
уый аккаг сты». c

7Нывондхӕссӕнӕй мӕм райхъуыст: «О Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг,
раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Дӕ тӕрхӕттӕ!»

8Цыппӕрӕм зӕд йӕ кӕхц бакалдта хурыл, ӕмӕ хурӕн лӕвӕрд ӕрцыд адӕмы йӕ тӕвдӕй судзыны бар. 9Адӕм тыхджын ӕнтӕфӕй тыхстысты ӕмӕ ӕлгъыстой Хуыцауы ном — ацы рынтыл Кӕй бар цыди, Уый ном. Фӕсмон сӕм не’рцыд, ӕмӕ Йын кад не скодтой.

10Фӕндзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта сырды бадӕныл, ӕмӕ йӕ паддзахад баталынг. Адӕм фырхъизӕмарӕй се’взӕгтыл сӕ дӕндӕгтӕй хӕцын райдыдтой, 11сӕ хъизӕмары ӕмӕ сӕ хӕфдзӕстыты тыххӕй ӕлгъыстой Уӕларвон Хуыцауы, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтыл не’рфӕсмон кодтой.

12Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта Евфраты стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ дзы дон нал баззад — афтӕмӕй паддзӕхтӕн скӕсӕнӕй фӕндаг байгом ис. 13Ӕмӕ залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнгпехуымпары дзыхӕй ӕз рацӕугӕ федтон, галхӕфсыты хуызӕн чи уыд, ахӕм ӕртӕ ӕнӕзӕгъинаджы, d 14диссӕгтӕ чи ӕвдисы, уыцы дӕлимонты. Уыдон рацыдысты ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕм, цӕмӕй сӕ тохмӕ ӕрӕмбырд кӕной Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр бонмӕ. e

15«Мӕнӕ фӕцӕуын хуыснӕгау. Тӕхудиаг у, ӕдзух цӕттӕ чи у, бӕгънӕгӕй куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йын йӕ худинаг куыд мачи фена, йӕ дарӕс афтӕ сыгъдӕгӕй чи дары, уыцы адӕймаг». f

16Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм.

17Ӕвдӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта уӕлдӕфмӕ, ӕмӕ Кувӕндонӕй, паддзахы бадӕнӕй, райхъуысти хъӕрӕй дзурӕг хъӕлӕс: «Сӕххӕст!»

18Арв цӕхӕртӕ калдта, ныггыбар-гыбур кодта, ӕмӕ зӕхх нынкъуысти. Зӕххыл адӕймаг куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ ахӕм зӕххӕнкъуыст никуыма уыди. g 19Стыр сахар ӕртӕ дихы фӕци, ӕмӕ муртаттӕгты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон, ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй. h 20Сакъадӕхтӕ цыдӕр ӕрбаисты, хӕхтӕ дӕр фӕтары сты. 21Адӕмыл арвӕй ныууарыди таланты
Талант — уӕзбарӕн иуӕг, 40 килограммы бӕрц.
ӕмуӕз их; ӕмӕ адӕм ихрыны тыххӕй Хуыцауы ӕлгъыстой, уымӕн ӕмӕ сӕ уыцы рын хъизӕмарӕй мардта.
Copyright information for OssIBT2022