‏ Revelation of John 18

Вавилон бабын уыдзӕн

1Уый фӕстӕ ӕз уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ федтон, стыр бартӕ кӕмӕ уыд, ахӕм ӕндӕр зӕды. Зӕхх ныррухс ис йӕ кадӕй. 2Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын ис, бабын стыр Вавилон
ӕмӕ сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат,
алы ӕнӕзӕгъинагӕн,
алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат.
Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй
Хуыцауы фыдӕх баййӕфта
ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн бадардта
уыцы фыдӕхы сӕнӕй.
3Зӕххон паддзӕхтӕ хъахбай митӕ кодтой йемӕ,
зӕххон сӕудӕджертӕ схъӕздыг сты
йӕ бирӕ исбонӕй». a

4Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм,
цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат
ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.
5Уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ
схӕццӕ сты уӕларвмӕ,
Хуыцауӕй нӕ ферох сты йӕ фыдракӕндтӕ.
6Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта,
афтӕ йӕ бафхӕрут.
Цытӕ фӕкодта, уыдӕттӕ йын бафидут дывӕрӕй.
Сӕн-иу цы кӕхцы ныккодта,
уым ын дыууӕ хатты карздӕр сӕн ӕркӕнут.
7Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди,
уыйас ын бавзарын кӕнут
хъизӕмар ӕмӕ маст.
Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы:
„Ӕз ус-паддзахау бадын,
ӕз идӕдз нӕ дӕн
ӕмӕ маст нӕ бавзардзынӕн!“
8Уый тыххӕй йӕ иунӕг бонмӕ
баййафдзысты рынтӕ, мӕлӕт,
маст ӕмӕ стонг рӕстӕг,
ӕмӕ арты басудздзӕн.
Уымӕн ӕмӕ тыхджын у,
тӕрхон ын Чи рахаста, уыцы Бардарӕг Хуыцау».

9Йемӕ хъахбай митӕ ӕмӕ хъалцард чи кодта, уыцы зӕххон паддзӕхтӕ йын йӕ арты фӕздӕг куы феной, уӕд ыл ныккӕудзысты ӕмӕ ныдздзыназдзысты. 10Йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ, стыр тасы бацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, стыр сахар,
Вавилоны тыхджын сахар!
Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ
ӕрцыди дӕ азар!» b

11Кӕуынц ӕмӕ йыл дзыназынц зӕххон сӕудӕджертӕ, уымӕн ӕмӕ сын ничиуал ӕлхӕны сӕ уӕййӕгтӕ: 12сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕ, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ дзындзытӕ; лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ, сырх, сӕнт сырх ӕмӕ зӕлдаг уӕфтӕгтӕ, алыхуызон хӕрздӕф хъӕдӕрмӕг; пылыстӕг, зынаргъ хъӕдӕрмӕг, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг ӕмӕ мраморӕй конд алы дзауматӕ; 13корицӕ, хъацӕнтӕ, буд ӕмӕ миррӕ, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой, ссад ӕмӕ мӕнӕу, стуртӕ ӕмӕ фыстӕ, бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ, цагъартӕ — адӕймаджы буӕрттӕ ӕмӕ удтӕ. 14«Дӕ зӕрдӕйӕн адджын цы уыд,
уымӕй ӕнӕхай фӕдӕ.
Де’ппӕт мулк, цӕхӕртӕкалгӕ исбон
фесӕфтысты иууылдӕр,
нал сӕ ссардзынӕ».

15Ӕппӕт уыдӕттӕй сӕудӕджер чи кодта ӕмӕ йӕ фӕрцы чи схъӕздыг ис, уыдон дӕрддзӕф лӕудзысты, — стыр тас сыл бахӕцдзӕн, йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ. Кӕудзысты ӕмӕ дзыназдзысты: 16«Додойаг фӕдӕ, додойаг,
гӕн хъуымацӕй, сырх ӕмӕ сӕнт сырх уӕфтӕгтӕй
дарӕс кӕуыл ис,
сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕй
ӕмӕ дзындзытӕй фӕлыст чи у,
уыцы стыр сахар!
17Уымӕн ӕмӕ ахӕм мулк
фесӕфтис иунӕг сахатмӕ!»

Науты хистӕртӕ ӕмӕ бӕлццӕттӕ иууылдӕр, наудзогтӕ, денджызыл цӕуӕг ӕппӕт сӕудӕджертӕ лӕууынц дӕрддзӕф,
18уынынц ын йӕ арты фӕздӕг ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ацы стыр сахарӕн ӕмбал нӕй!» 19Сӕ сӕртыл зӕрынц рыг, хъӕр кӕнынц, кӕуынц ӕмӕ дзыназынц: «Додойаг фӕдӕ, додойаг,
денджызы наутӕ кӕмӕ ис,
уыдон иууылдӕр кӕй исбонӕй схъӕздыг сты,
уыцы стыр сахар!
Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ бацарӕфтыд дӕ!»
20Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ!
Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ,
апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ,
уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста,
ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.

21Иу тыхджын зӕд систа куыройы фыды йас стыр дур, нывзылдта йӕ денджызмӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ дӕлӕмӕ ныххаудзӕн
Вавилоны стыр сахар
ӕмӕ нал уыдзӕн.
22Нал фехъусдзынӕ фӕндырдзӕгъдджыты
ӕмӕ зарӕггӕнджыты,
уадындзтӕ ӕмӕ сыкъауадындзтыл цӕгъдджыты;
нал дӕм уыдзӕн иу ӕрмдӕсны дӕр,
нал дӕ хъуысдзӕн куыройы фыдты уынӕр;
23нал дын ссудздзысты дӕ рухсгӕнӕнтӕ,
нал дӕ хъуысдзӕн усгур лӕппу
ӕмӕ чындздзон чызджы хъӕлӕс.
Дӕ сӕудӕджертӕ дунейы гуыппырсартӕ уыдысты,
дӕ кӕлӕнтӕй ӕппӕт адӕмты асайдтай. c
24Ацы сахары ныккалди
пехуымпарты ӕмӕ сыгъдӕджыты,
зӕххыл кӕйдӕриддӕр амардӕуыд,
ӕппӕт уыдоны туг». d
Copyright information for OssIBT2022