Revelation of John 19
1Уый фӕстӕ ӕз уӕларвы фехъуыстон хъӕлӕс. Уый уыди бирӕ адӕмы уынӕрау: «Алелуйа! ▼▼Алелуйа — дзуттагау «стаут Хуыцауы»; цины хъӕр Хуыцауы кадӕн.
Ирвӕзындзинад, кад ӕмӕ намыс сты нӕ Хуыцаумӕ!
2Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты
раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам!
Уый бафхӕрдта,
йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта,
уыцы стыр хъахбайы
ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»
3Дыккаг хатт загъдӕуыд: «Алелуйа!
Йӕ фӕздӕг кӕлдзӕн мыггагӕй мыггагмӕ!» b
4Уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы ныддӕлгом сты Йӕ бадӕны бадӕг Хуыцауы раз, афтӕ дзургӕйӕ: «Аммен! Алелуйа!» c
Уӕрыччы чындзӕхсӕв
5Уӕд паддзахы бадӕнӕй райхъуысти:«Ӕппӕлут нӕ Хуыцауӕй,
Йе’ппӕт цагъартӕ,
Йӕ тас кӕй мидӕг ис, уыдон —
номдзыдтӕ ӕмӕ хуымӕтӕгтӕ».
6Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Алелуйа!
Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг,
сси Паддзах! d
7Уӕдӕ цин кӕнӕм, фыр цинӕй райӕм
ӕмӕ Йын кад кӕнӕм.
Уымӕн ӕмӕ ӕрцыди
Уӕрыччы чындзӕхсӕвы рӕстӕг,
ӕмӕ Йӕ Усаг ӕрцӕттӕ кодта йӕхи: e
8Ӕркодтой йыл гӕн хъуымацӕй дарӕс —
сыгъдӕг ӕмӕ тӕмӕнкалгӕ».
Гӕн хъуымацӕй дарӕс — сыгъдӕджыты раст хъуыддӕгтӕ. 9Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты». f 10Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».
Урс барӕг
11Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох. g 12Барӕджы цӕстытӕ сты пиллон арты ӕнгӕс, Йӕ сӕрыл — бирӕ кады худтӕ. Йӕ уӕлӕ фыст ис, ӕрмӕстдӕр Йӕхӕдӕг кӕй зоны, уыцы ном. h 13Ис Ыл тугӕйдзаг пӕлӕз; Йӕ ном: Хуыцауы Дзырд. i 14Уӕларвон ӕфсад урс бӕхтыл цыдысты Йӕ фӕдыл, гӕн хъуымацӕй дарӕсы — урс-урсид ӕмӕ сыгъдӕг. 15Йӕ дзыхӕй зынди цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ хиздзӕнис ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны Йӕ къӕхтӕй лӕмары сӕнӕфсир — Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн. 16Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ фарсыл фыст ис Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау». j 17Ӕз федтон, хурыл чи лӕууыд, уыцы зӕды. Уӕлиӕутты цы мӕргътӕ тахтысты, уыдонмӕ се’ппӕтмӕ дӕр зӕд ныхъхъӕр кодта: «Ратӕхут, ӕрӕмбырд ут Хуыцауы стыр куывдмӕ! 18Бахӕрут паддзӕхты мӕрдтӕ, ӕфсӕддон разамонджыты мӕрдтӕ, тыхджынты мӕрдтӕ, бӕхты ӕмӕ барджыты мӕрдтӕ, ӕппӕт сӕрибар ӕмӕ цагъар, хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд адӕмы мӕрдтӕ!» 19Ӕз федтон сырды ӕмӕ зӕххон паддзӕхты се’фсӕдтимӕ. Уыдон ӕрӕмбырд сты Барӕджы ӕмӕ Йе’фсады ныхмӕ хӕцынмӕ. 20Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады. k 21Иннӕтӕ та цагъды фесты, Барӕджы дзыхӕй цы цирхъ зынди, уымӕй, ӕмӕ мӕргътӕ иууылдӕр бафсӕстысты сӕ мӕрдтӕй.
Copyright information for
OssIBT2022