‏ Revelation of John 2

Фыстӕг Эфесы аргъуанмӕ

1Эфесы аргъуаны зӕдмӕ ныффысс: „Йӕ рахиз къухы авд стъалыйы Чи дары, авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны ӕхсӕн Чи цӕуы, Уый афтӕ зӕгъы: a 2зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ фӕллой, фӕразон кӕй дӕ, ӕнӕуаг адӕмӕн кӕй нӕ быхсыс, йӕхи апостол чи хоны, уӕвгӕ та апостол чи нӕу, уыдоны кӕй бафӕлвӕрдтай ӕмӕ, мӕнгард кӕй сты, уый кӕй базыдтай, уыдӕттӕ. b 3Ды фӕразон дӕ, бирӕ бавзӕрстай Мӕ номы сӕраппонд, ӕмӕ нӕ бафӕлладтӕ. c 4Фӕлӕ дӕ азымджыныл нымайын, дӕ фыццаг уарзт дӕм кӕй нал ис, уый тыххӕй. 5Уӕдӕ цы бӕрзӕндӕй ӕрхаудтӕ, уый ӕрымыс, ӕрфӕсмон кӕн ӕмӕ дӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ араз. Куы не’рфӕсмон кӕнай, уӕд дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын дӕ цырагъдарӕн айсдзынӕн йӕ бынатӕй. d 6Ӕниу дӕм хорзӕй уый ис, ӕмӕ, николаитты хъуыддӕгтӕ Мӕнӕн куыд ӕнӕуынон сты, афтӕ ӕнӕуынон сты дӕуӕн дӕр. 7Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар“.

Фыстӕг Смирнӕйы аргъуанмӕ

8Смирнӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг, мард Чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас Чи у, Уый афтӕ зӕгъы: 9зонын дын [дӕ хъуыддӕгтӕ] дӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ дӕ мӕгуырдзинад; ӕниу, хъӕздыг дӕ. Зонын ӕй, сӕхи иудейӕгтӕ чи хоны, уӕвгӕ та иудейӕгтӕ нӕ, фӕлӕ сайтаны ӕмбырд чи у, уыдон дыл цъыф кӕй калынц, уый. e 10Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард. f 11Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн тас нӕу дыккаг мӕлӕтӕй“. g

Фыстӕг Пергамы аргъуанмӕ

12Пергамы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Цыргъ дыкомыг цирхъ Кӕмӕ ис, Уый афтӕ зӕгъы: h 13Ӕз зонын: ды цӕрыс, сайтанӕн йӕ паддзахы бадӕн кӕм ис, уым, фӕлӕ уӕддӕр ӕнувыд дӕ Мӕ номыл. Ды мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай, суанг Мыл, сайтан кӕм цӕры, уӕ уыцы сахары Мӕ иузӕрдион ӕвдисӕн Антипӕйы куы амардтой, уӕд дӕр. 14Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иу цасдӕр азымджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ сымахмӕ ис, Балаамы ахуырадыл хӕст чи у, ахӕмтӕ; Балаам та сахуыр кодта Балакы, ӕмӕ уый Израилы адӕмы сардыдта мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ хӕрын ӕмӕ хӕлд митӕ кӕныныл. 15Афтӕ дӕумӕ дӕр ис николаитты ахуырадыл хӕст адӕймӕгтӕ. 16Ӕрфӕсмон кӕн, науӕд дӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ семӕ тох кӕндзынӕн Мӕ дзыхӕй рацӕугӕ кардӕй. i 17Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“. j

Фыстӕг Фиатирӕйы аргъуанмӕ

18Фиатирӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Хуыцауы фырт, Йӕ цӕстытӕ пиллон артау Кӕмӕн сты, Йӕ къӕхтӕ зынг ӕрхуыйау Кӕмӕн ӕрттивынц, Уый: k 19зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ уарзт, дӕ уырнындзинад, дӕ куыст ӕмӕ, фӕразон кӕй дӕ, стӕй, дӕ фӕстаг хъуыддӕгтӕ фыццӕгтӕй фылдӕр кӕй сты, уый. l 20Фӕлӕ дӕ уӕддӕр азымджыныл нымайын: йӕхи пехуымпар чи хоны, уыцы сылгоймаг Иезавелӕн дӕттыс йӕ ахуырадӕй Мӕ цагъарты фӕливыны фадат — ардауы сӕ хӕтыныл ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыныл. m 21Ӕз ын радтон рӕстӕг ӕрфӕсмон кӕнынӕн, фӕлӕ хъахбай кӕй у, ууыл ӕй ӕрфӕсмон кӕнын нӕ фӕнды. 22Мӕнӕ йыл Ӕз ӕфтауын низ; йемӕ чи хӕты, уыдон та сӕ митыл куынӕ ӕрфӕсмон кӕной, уӕд сӕ стыр бӕллӕхы баппардзынӕн. 23Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн. 24Сымахӕн та — Фиатирӕйы чи ис ӕмӕ уыцы ахуырадыл хӕст чи нӕу, сайтаны сусӕгдзинӕдтӕ кӕй хонынц, уыдоны чи нӕ аныгъуылд — зӕгъын: ӕндӕр уаргъ уыл нӕ сӕвӕрдзынӕн. 25Ӕрмӕст Ме’рцыдмӕ иузӕрдион ут, цы уӕм ис, ууыл. 26Чи фӕуӕлахиз уа ӕмӕ Мын кӕронмӕ коммӕгӕс чи разына, уымӕн Ӕз ратдзынӕн адӕмтӕн хицауиуӕг кӕныны бар, n 27Ӕз уыцы бар Мӕ Фыдӕй куыд райстон, афтӕ. Уый сӕ хиздзӕни ӕфсӕн лӕдзӕгӕй, ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтау базгъӕлӕнтӕ уыдзысты, 28ӕмӕ йын Ӕз ратдзынӕн Бонвӕрнон. o 29Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.
Copyright information for OssIBT2022