Revelation of John 20
Чырыстийы миназыккон паддзахад
1Ӕз федтон зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ къухы уыди дӕлдзӕхы дӕгъӕл ӕмӕ стыр рӕхыс. a 2Уый ӕрцахста, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан чи у, уыцы рагон залиаг калмы, сбаста йӕ мин азы ӕмгъуыдмӕ b 3ӕмӕ йӕ ныппӕрста дӕлдзӕхмӕ, сӕхгӕдта йыл дуар ӕмӕ дуарыл сӕвӕрдта мыхуыр, цалынмӕ мин азы рацӕуа, уӕдмӕ адӕмты куыд мауал фӕлива, афтӕ. Уый фӕстӕ хъуамӕ уӕгъдгонд ӕрцӕуа цыбыр ӕмгъуыдмӕ. 4Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕн лӕууыны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы. c 5Иннӕ мӕрдтӕ та нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы рацыди, уӕдмӕ. Уый у фыццаг райгас. 6Тӕхудиаг сты, мӕрдты фыццаг райгасы цард чи райсдзӕн, уыдон: дыккаг мӕлӕты бон сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы. dСайтаны сӕфт
7Уыцы мин азы куы фӕуой, уӕд сайтан уӕгъдгонд ӕрцӕудзӕн дӕлдзӕхон ахӕстонӕй ӕмӕ рацӕудзӕн, зӕххыл алы ран чи цӕры, уыцы адӕмты — Гог ӕмӕ Магогы — асайынмӕ ӕмӕ сӕ хӕстмӕ ӕрӕмбырд кӕнынмӕ; денджызы змисау уыдзысты бирӕ. e 8Уыдон рацыдысты ӕппӕт зӕххыл ӕмӕ ӕртыхстысты, сыгъдӕджытӕ кӕм цардысты, уыцы бынатыл — Йӕ уарзон сахарыл. 9Фӕлӕ Хуыцау уӕларвӕй рауагъта арт ӕмӕ сӕ басыгъта. f 10Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.Хуыцауы тӕрхон мӕрдтӕн
11Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди. g 12Чи амарди, уыдоны — хуымӕтӕгты ӕмӕ номдзыдты — федтон паддзахы бадӕны раз лӕугӕ. Чингуытӕ гом уыдысты, гом уыд ӕндӕр чиныг дӕр — царды чиныг. Мӕрдтӕ тӕрхонгонд ӕрцыдысты, чингуыты дзы кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ фыст уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. h 13Уӕд денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕ дӕр радтой, чи сӕм уыди, уыцы мӕрдты. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр тӕрхонгонд ӕрцыд йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. 14Мӕлӕт ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цадмӕ. Уый у дыккаг мӕлӕт — судзгӕ цад. i 15Ӕмӕ царды чиныджы фыст кӕй ном нӕ уыди, уый ныппӕрстӕуыд судзгӕ цадмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022