Revelation of John 21
Ног арв ӕмӕ ног зӕхх
1Ӕз федтон ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх аивгъуыдтой, нал уыди денджыз дӕр. a 2Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй. b 3Паддзахы бадӕнӕй ӕз фехъуыстон тыхджын хъӕлӕс: «Мӕнӕ ис Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Уый цӕрдзӕнис адӕмимӕ! Уыдон уыдзысты Йӕ адӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг уыдзӕни семӕ ӕмӕ уыдзӕн сӕ Хуыцау. 4Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ, раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта». c 5Паддзахы бадӕны Бадӕг загъта: «Мӕнӕ ӕппӕт дӕр фӕлдисын ногӕй». Ӕмӕ ма загъта: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ раст ӕмӕ ӕцӕг сты». d 6Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн Ӕз царддӕттӕг суадонӕй лӕвар бануазын кӕндзынӕн. 7Уӕлахиздзау райсдзӕнис ӕппӕт уыдӕттӕ, Ӕз уыдзынӕн Йӕ Хуыцау, уый та уыдзӕни Мӕ хъӕбул. e 8Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт». fНог Йерусалим
9Фӕстаг рынтӕй йедзаг авд кӕхцы цы авд зӕдмӕ уыди, уыдонӕй иу ӕрбацыди мӕнмӕ ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын равдисон Уӕрыччы Усаджы». g 10Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, ӕмӕ мӕ зӕд схаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ, фенын мын кодта Йерусалимы сыгъдӕг сахар уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ. 11Уый тӕмӕнтӕ калдта Хуыцауы кадӕй. Йӕ рухсгӕнӕн уыди тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, дзӕнхъайы ӕнгӕс рухсдзыд яшмӕйы хуызӕн. 12Сахары къул уыди стыр ӕмӕ бӕрзонд, уыди дзы дыууадӕс дуары, дуӕрттыл лӕууыдысты дыууадӕс зӕды. Дуӕрттыл фыст уыдысты израилаг адӕмы дыууадӕс мыггаджы нӕмттӕ. 13Скӕсӕнӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары, цӕгатӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары, хуссарӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары, ныгуылӕнӕрдыгӕй — ӕртӕ кулдуары. 14Сахары къулӕн ис дыууадӕс бындуры, уыдоныл фыст сты Уӕрыччы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ. h 15Сахарӕн йӕхи, йӕ къул ӕмӕ йӕ дуӕрттӕ барынӕн, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕдмӕ уыди сыгъзӕрин лӕдзӕг. 16Сахар у цыппӕрдигъон, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх сты ӕмхуызон. Зӕд сбарста сахар лӕдзӕгӕй, ӕмӕ рауад дыууадӕс мин стадийы ▼▼Дыууадӕс мин стадийы — дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ километры бӕрц.
. Йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд сты ӕмхуызон. 17Сбарста йын йӕ къул дӕр, ӕмӕ рауад сӕдӕ цыппор цыппар ӕлмӕрины ▼▼Сӕдӕ цыппор цыппар ӕлмӕрины — ӕхсай фондз метрмӕ ӕввахс.
— адӕймаджы нымадӕй баргӕйӕ; зӕдмӕ дӕр ахӕм барӕн уыди. 18Сахары къул уыдис яшмӕйӕ, сахар йӕхӕдӕг та — ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. 19Сахары къулы бындуртӕ фӕлыст уыдысты алыхуызон зынаргъ дуртӕй. Фыццаг бындур — яшмӕ, дыккаг — сапфир, ӕртыккаг — халкидон, цыппӕрӕм — изумруд, 20фӕндзӕм — сардоникс, ӕхсӕзӕм — сердолик, ӕвдӕм — хризолит, ӕстӕм — берилл, фарӕстӕм — топаз, дӕсӕм — хризопраз, иуӕндӕсӕм — гиацинт, дыууадӕсӕм — аметист. 21Дыууадӕс кулдуары — дыууадӕс дзындз фӕрдыджы: алы дуар дӕр — иу дзындз фӕрдыгӕй. Сахары уынг уыдис ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. 22Кувӕндон дзы нӕ федтон, уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Уӕрыкк сты йӕ Кувӕндон. 23Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы кад, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн. k 24Адӕмтӕ цӕрдзысты сахары рухсмӕ, зӕххон паддзӕхтӕ йӕм ӕрхӕсдзысты сӕ кад. 25Йӕ кулдуӕрттӕ бон ӕхгӕд нӕ уыдзысты, ӕхсӕв та дзы нӕ уыдзӕн. l 26Ӕрхӕсдзысты йӕм адӕмты кад ӕмӕ намыс. 27Чъизи цы уа, ахӕмӕй йӕм ницы бацӕудзӕн, ӕлгъаг ӕмӕ фӕливӕн митӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕр ӕм фӕндаг никӕмӕн уыдзӕн, фӕлӕ йӕм бацӕудзысты, Уӕрыкмӕ царды чиныджы фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон. m
Copyright information for
OssIBT2022