Revelation of John 22
Царды цӕугӕдон
1Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй, a 2сахары уынджы хӕд астӕуты. Йӕ фӕйнӕфарс дӕр зади, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, ахӕм царды бӕлас. Йӕ сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос. b 3Сахары ӕлгъыстагӕй ницыуал уыдзӕн. Уым уыдзӕнис Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы бадӕн, ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзысты Йӕ цагъартӕ. 4Йӕ цӕсгом Ын фендзысты, ӕмӕ Йӕ ном фыст уыдзӕни сӕ тӕрныхтыл. c 5Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Бардарӕг Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.Чырысти ӕрцӕудзӕнис рӕхджы
6Зӕд мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг. Ӕмӕ пехуымпарты Йӕ Удӕй разӕнгардгӕнӕг Бардарӕг Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, рӕхджы цы уыдзӕн, уый Йӕ цагъартӕн равдисынмӕ». d 7«Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Тӕхудиаг у, ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уый». e 8Ӕз, Иоанн, федтон ӕмӕ фехъуыстон ӕппӕт уыдӕттӕ. Куы сӕ фехъуыстон ӕмӕ сӕ куы федтон, уӕд бакувынмӕ мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, уыдӕттӕ мын чи ӕвдыста, уыцы зӕды къӕхты раз. 9Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, де’фсымӕр пехуымпартӕн, стӕй, ацы чиныджы ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уыдонӕн се’мкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув». f 10Ноджы мын загъта: «Ма басусӕг кӕн ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ. Уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс. g 11Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр ӕвзӕр митӕ кӕнӕд. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи; рӕстгӕнӕг дарддӕр раст хъуыддӕгтӕ кӕнӕд; сыгъдӕг чи у, уый дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй». h 12«Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ фиддон Мемӕ ис — алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн. i 13Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон, фыццаг ӕмӕ фӕстаг». j 14Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон тӕхудиаг сты — уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ кулдуарыл бацӕуыны бар. k 15Куыйтӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕлд адӕм ӕмӕ лӕгмартӕ, мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ, стӕй, фӕливӕн митыл хӕст чи у ӕмӕ сӕ чи уарзы, уыдон та баззайдзысты ӕдде. l 16«Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон». m 17Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар. n 18Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чидӕриддӕр хъусы, уыдонӕн ӕз зӕгъын: исты ма сӕм чи бафтауа, ууыл Хуыцау бафтаудзӕн, ацы чиныджы кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы рынтӕ. 19Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн, ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй. 20Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕн Чи у, Уый зӕгъы: «О, рӕхджы ӕрцӕудзынӕн!» Аммен. Ӕрцу, Бардарӕг Йесо! 21Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕд алкӕй дӕр. Аммен.
Copyright information for
OssIBT2022